28 декабря 2023, 11:36
Дзæуджыхъæуы райдыдта Ног азы трамвай цæуын
Йæ салоны банкъарæн ис бæрæгбоны алæмæты тæва
Дзæуджыхъæуы райдыдта Ног азы трамвай цæуын. Йæ салоны банкъарæн ис бæрæгбоны алæмæты тæваг. Æвдыст дзы цæуынц Ног азы традицион кинонывтæ æмæ мультфильмтæ. Вагон цæудзæн Центрон парчы æрлæууæнæй 17, 18 æмæ 19 сахатыл. Æрвылбоны маршрут цæудзæн Сабырдзинады проспектæй Къостайы проспектыл, Чкаловы уынгыл æмæ фæстæмæ Сабырдзинады проспектмæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Ног азы трамвай кусдзæн Зæронд Ног азы онг, ома 13-æм январьмæ. Æппæт бæлццæттæн дæр фæндаггаг фидын нæ хъæудзæн.
темæмæ гæсгæ




