филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:56 воскресенье, 01 февраля 2026
02 января 2024, 15:40
2024-æм аз нысангонд æрцыд бинонты афæдзыл

Нæ программæйы дарддæры æрмæджы радзурдзыстæм иу хъуыддагыл хæст чи у, ахæм бинонты тыххæй

2024-æм аз нысангонд æрцыд бинонты афæдзыл. Нæ программæйы дарддæры æрмæджы радзурдзыстæм иу хъуыддагыл хæст чи у, ахæм бинонты тыххæй. Бацархайдтам равзарын, кæстæртæ хистæрты бафæзмынын цæмæн сфæнд кодтой, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Камерайы раз, уарзон æмкусджытимæ, адæмимæ ныхасгæнгæйæ… Дæсгай алыхуызон хуызистытæ, æмæ алкæцыдæр куысты рæстæг конд. Уый Дудиады Владимирæн йæ царды нысан сси. Фыццаг йæхицæн, уый фæстæ та йе фсымæры чызг Джинæйæн дæр. Уый телеуынынадмæ никуы бæллыд. Ацы хъуыддагимæ цæмæй йæ цард сбæтта, уый нæ фæндыд Владимиры дæр. Фæлæ йæ йæ хъысмæт нæ фарста. Йæ хъысмæт, стæй ма Фæрниаты Константин.

Дарддæр хъуыддаг йæхæдæг йæхи амыдта. Фыццаг фыст текст, фыццаг интервью, фыццаг комкоммæ эфир. Уымæ Дудиаты Джинæйы рагагъоммæ ничи цæттæ кодта. Телеуынынады алы къæпхæныл дæр йæхæдæг схызт. Йæ сæйраг тæрхонгæнæг – Владимир – алы лыстæг хъуыддаг дæр фиппайдта. Раст цавд кæм нæ сæвæрдта, интонаци, цæстæнгас æндæр хъуамæ кæм уа – фæлтæрдджын амонæг алы рæдыды тыххæй дæр дзырдта. Афтæмæй ма райгуырд ноджыдæр иу профессионал.

Æмæ кæд дæсныйад равзарын Джинæйæн йæхи бон уыд, уæд ном та – нæ. Афтæ йæ схуыдта Владимир. Йæхи-иу куы бацамыдта, уæд-иу телевизормæ кæсджытæм алы цæстæнгас уыд. Чидæр хъуыды кодта, æмæ «Джинæ» – фæсном у, чидæр та æндæр цыдæр хъуыста.

Иу хъуыддагыл хæст сты Кудзаты бинонтæ дæр. Хъазыбеджы размæ мыггаджы дохтыртæ нæ уыд. Уый сæвæрдта бындур, фæстæдæр сси дæнцæг йæ сывæллæттæн. Ахæм фæндаг равзарынмæ сæ ничи разæнгард кодта.

Иу фырт баззад медицинæйы, иннæ – фæстæдæр равзæрста сфæлдыстадон фæндаг. Уæвгæ, Куыдзаты Хъазыбег йæхæдæг дæр зары. Фæлæ кæны æндæр зарджытæ, рэп нæ. Куыд зæгъы, афтæмæй Мияги куыд тагъд кæсы, афтæ йæ бон не суыдзæн.

Йæ фыды бафæзмыдта Акъоты Артур дæр. Уæззау атлетикæйæ залы йæ рæстæг æрвыста сабибонтæй. Уæд нырма æнхъæл дæр нæ уыд, цавæр фидæн æм æнхъæлмæ кæсы, уый.

Æмæ уæззау атлетикæйæ хуымæтæджы архайын нæ, спорты ацы хуызы бæрзæндтæм хизын. Тренер суыдзæн, ууыл Артур никуы хъуыды кодта, цардмæ йæм æндæр фæндтæ уыд. Фæлæ æндæрхуызон рауад. Чемпион дарддæр хæццæ кæны, йæ фыд цы хъуыддагыл лæуд уыд, уый.

Хъысмæт уыдис, æви уавæртæ афтæ амыдтой. Уый ахсджиаг нæу. Бæлвырд у иу хъуыддаг. Алцыдæр дзæгъæлы афтæ нæ рауад. Ацы æрмæджы хъайтартæн дæсныйад – æрмæст куыст нæу. У, сæ хиуæттимæ сæ æнгомдæр цы бæтты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania