03 января 2024, 16:06
Мæздæджы районы социалон лæггæдты Комплексон центры Ног азы бæрæгбоны тæваг балæвар кодтой, социалон лæггæдтæй цы ацæргæ адæм пайда кæнынц, уыдонæн
Нанатæ æмæ дадатæ систы æцæг аргъауы архайджытæ
Мæздæджы районы социалон лæггæдты Комплексон центры Ног азы бæрæгбоны тæваг балæвар кодтой, социалон лæггæдтæй цы ацæргæ адæм пайда кæнынц, уыдонæн. Нанатæ æмæ дадатæ систы æцæг аргъауы архайджытæ. Иумæ агуырдтой Митын Чызджы, зарыдысты æмæ кафыдысты. Цардмæ хъæлдзæг цæстæнгасæй кæсын – ахæм хъуыдыимæ баиу сты ацæргæ адæм æмæ пайдаимæ арвыстой сæ рæстæг. Ног азы бæрæгбоны ма зарыдысты гитарæйы цагъдмæ, стæй иумæ цай цымгæйæ кæрæдзийæн кодтой хъæрмуд ныхæстæ.
темæмæ гæсгæ




