Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй уыцы фæрæзтæй сæ бон сси ипотекæйæн фыццаг фиддон бахæссын, цы хай баззад, уымæй та спайда кæнын фиддоны хуызы
2023-æм азы 40 æрыгон специалисты райстой фæйнæ милуан сомы сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй уыцы фæрæзтæй сæ бон сси ипотекæйæн фыццаг фиддон бахæссын, цы хай баззад, уымæй та спайда кæнын фиддоны хуызы. Се ппæт æрыгон специалисттæ дæр сты Цæгат Ирыстоны цæрджыты æнцонвадат цæрæнуæттæй æххæст кæныны республикон программæйы архайджытæ. Сæ бон дзы архайын у, 40 азы онг кæуыл цæуы, ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ культурæйы къабазы уыцы кусджытæн. 2021-æм азæй ахæм паддзахадон æххуысы фæрцы сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кодтой 110 адæймаджы. Фатер балхæнæн ис куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр. Ацы аз программæ дарддæр æххæстгонд цæудзæн. Йæ архайæг суæвынæн хъæуы, пропискæйы бынатмæ гæсгæ районы администрацимæ бацæуын, документтæ баххæст кæнын æмæ сертификат райсынмæ рады слæууын.




