филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:00 воскресенье, 01 февраля 2026
10 января 2024, 11:40
Мæздæг сбæрæг кодта ахсджиаг историон бон – 81 азы размæ горæт уæгъдгонд æрцыд немыцаг фашисттæй

1942-æм азы августæй декабры онг Терчы æфцæгыл цыдысты карз тохтæ

Мæздæг сбæрæг кодта ахсджиаг историон бон. 81 азы размæ горæт уæгъдгонд æрцыд немыцаг фашисттæй. 1942-æм азы августæй декабры онг Терчы æфцæгыл цыдысты карз тохтæ. Знаг бырста Грознайы æмæ Бакуйы нефтмæ, фæлæ ацы ран райста ныхкъуырд. Немыцæгтæ сæхæдæг мæздæггаг тыгъдбыдыртæ хуыдтой «мæлæты дæлвæз». Горæт хъахъхъæдтой мысанæхсæн дивизитæ, танкты батальонтæ, авиаци. Немыцæгтæ оккупацийы райстой чысыл, фæлæ стратегион æгъдауæй ахсджиаг горæт. 1942-æм азы декабры фашисттæ сæ позицитæ æмæ горæт ныууагътой. 3-æм январы Уæлахизы сырх тырыса ныссагътой Сырх тырысайы номыл мысанæхсæн дивизийы æфсæддонтæ. Мæздæг хъахъхъæнджыты ном æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. Митинг куы фæци, уæд та Æнусон арты цур сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania