Кæстæртæ нæ республикæмæ уазæгуаты ссыдысты, Донецкы нациты хсæн æхæснадон организаци «Аланийы минæварады» сæрдары хæдивæг Бæззаты Еленæимæ
Сергей Меняйло фембæлд, Донецкы Адæмон Республикæйæ Цæгат Ирыстонмæ чи ссыд, уыцы сывæллæттимæ. Кæстæртæ нæ республикæмæ уазæгуаты ссыдысты, Донецкы нациты хсæн æхæснадон организаци «Аланийы минæварады» сæрдары хæдивæг Бæззаты Еленæимæ. Нæ республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй регионы разамонæг аныхас кодта лæппутимæ æмæ чызджытимæ. Бафарста сæ, сæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди, уымæй. Сергей Меняйло сын ракодта бæрæгбоны арфæтæ, æмæ сын йæ зæрдæ загъта, цæмæй цыфæнды зын уавæрты дæр сæ ныфс æмæ хъару ма сæтта. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Цæгат Ирыстон фыццаг бонтæй фæстæмæ æххуыс кæны ног уæрæсейаг регионтæн.
Бæззаты Еленæ республикæйы разамындæн загъта бузныджы ныхæстæ. Фидарæй йæ уырны, фидæны дæр нæ регионимæ ахæм æнгом æмгуыстад кæй цæудзæн, уый. Фембæлды кæронбæттæн Сергей Меняйло сывæллæттæн ракодта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Донецкы Адæмон Республикæйæ 11 лæппуйы æмæ чызджы Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты зымæгон каникултæм. Бацæттæ сын кодтой активон æмæ пайда фæлладуадзæн программæ. Сывæллæттæ бабæрæг кодтой ног азы спектакльтæ, республикæйы аргъуантæ. Сæхи аирхæфстой Ирыстоны зæрдылдарæн бынæтты.




