12 января 2024, 11:22
Мæздæджы районмæ Ног азы бæрæгбæттæм фæхæццæ кодтой 3 мин лæварæй фылдæр республикæйы сæргълæууæджы номæй
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, стæй чи фæмард, уыцы хъæбатырты сывæллæттæн, фыццаджыдæр, лæвæрдтой адджинæгтимæ æмбырдгондтæ
Мæздæджы районмæ Ног азы бæрæгбæттæм фæхæццæ кодтой 3 мин лæварæй фылдæр республикæйы сæргълæууæджы номæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, стæй чи фæмард, уыцы хъæбатырты сывæллæттæн, фыццаджыдæр, лæвæрдтой адджинæгтимæ æмбырдгондтæ. Радтой ма сын Сергей Меняйлойæ арфæйы фыстæджытæ. Ног азы лæвæрттæ ма саккаг кодтой, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæй сывæллæттæн. Мадзалы Митын Дада æмæ Митын Чызг кафыдысты рæзгæ фæлтæримæ, Мæздæджы районы æвзонг цæрджытæ радзырдтой æмдзæвгæтæ.
темæмæ гæсгæ




