филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:07 воскресенье, 01 февраля 2026
17 января 2024, 11:22
Акци «Бæллицты заз бæлас»-ы фæрцы дзæуджыхъæуккаг авдаздзыд Аланæйы бон суыдзæн йæ фæндондыл кусын

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады «Бæллицты заз бæлас»-ыл ын æрцауыгътой йæ бæллиццимæ хъазæн

Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас»-ы фæрцы дзæуджыхъæуккаг авдаздзыд Аланæйы бон суыдзæн йæ фæндондыл кусын. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады «Бæллицты заз бæлас»-ыл ын æрцауыгътой йæ бæллиццимæ хъазæн.  Æрхауд Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабмæ. Аланæйы фæнды фæндырæй цæгъдын базонын. Уымæн та йæ хъæуы фæндыр. Чызг у бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинаг. Уыимæ, йе нæниздзинад дæр у хъыгдард. Аланæ куыд зæгъы, афтæмæй кафын дæр уарзы, фæлæ йæ уавæрмæ гæсгæ змæлын йæ бон кæй нæу, уымæ гæсгæ бæллы фæндырæй цæгъдынмæ. Ныр æм Мæхъиты Зураб æмæ Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты Заз бæлас»-ы фæрцы фæхæццæ кодтой фæндыр. Афтæмæй та, иу чысыл уд баууæндыд зæрдæхæлардзинадыл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania