филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 воскресенье, 01 февраля 2026
18 января 2024, 12:18
Мæскуыйы йæ куыст фæци фыццаг æппæтуæрæсеон муниципалон форум «Чысыл Фыдыбæстæ – Уæрæсейы тых»

Ацы мадзал нырыккон Уæрæсейы историйы у иу фæзы бæстæйы муниципалон æхсæнад чи æрæмбырд кодта, ахæм фыццаг мадзал

Мæскуыйы адæмон хæдзарады æнтысты равдысты йæ куыст фæци фыццаг æппæтуæрæсеон муниципалон форум «Чысыл Фыдыбæстæ – Уæрæсейы тых». Ацы мадзал нырыккон Уæрæсейы историйы у иу фæзы бæстæйы муниципалон æхсæнад чи æрæмбырд кодта, ахæм фыццаг мадзал. Ацы ахадгæ хъуыддаджы Дзæуджыхъæуы кад хъахъхъæдтой горæты минæвæртты æмбырды сæрдар Александр Пациорин æмæ бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Бæстæйы муниципалитетты 7 мины æмæ 5 сæдæ сæргълæууæджы. 3 дискуссийы, 65 фембæлды , 19 лекцийы, 7 сæдæ спикеры, алыхуызон проектты презентацитæ æмæ федералон хицаудзинады минæвæрттимæ фембæлдтытæ. Форумы фæлгæты бацæттæ кодтой культурон æмæ экскурсион программæ. Муниципалон разамонджытæн ацы мадзал у тынг ахсджиаг æмæ хъæугæ. Базонгæ сты кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ, райстой цымыдисаг информаци. Сæйрагдæр та уый, æмæ бакуыстой, стыр фидæн кæмæ æнхъæлмæ кæсы, ахæм хъæппæристыл, дискусситæ дзы уыди цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, социалон поитикæйы æмæ фæндæгты хæдзарады темæтыл.  Æппæт уыдæттæ ратдзысты стыр гæнæнтæ горæты райрæзтæн бындур сæвæрыны хъуыддагæн. Ацы мадзал та æххæстгонд æрцыди Владимир Путины хæслæвæрдмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania