филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:56 воскресенье, 01 февраля 2026
24 января 2024, 12:07
Æвзонг Цæлойты Давид хуымæтæг хъæдæй скæндзæн хæдзарæн пайда дзаума

Цалынмæ йе *мгæрттæ алыхуызон нырыккон фæрæзтимæ сæ рæстæг æрвитынц, уæдмæ æрыгон æрмдæсны архайы станокы раз

Æвзонг Цæлойты Давид хуымæтæг хъæдæй скæндзæн хæдзарæн пайда дзаума. Цалынмæ йе *мгæрттæ алыхуызон нырыккон фæрæзтимæ сæ рæстæг æрвитынц, уæдмæ æрыгон æрмдæсны архайы станокы раз. Афæдзмæ йæ арæхстдзинад зынгæ сырæзт. Ацы хъуыддаджы йæ фарсмæ æрбалæууыдысты йæ бинонтæ. Курдиатдджын лæппуйы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Сбарын, кърандасæй фæнысан кæнын, æмæ мæнæ лазерон тын бæлвырд траекторимæ гæсгæ лыг кæны.

Лыг цæттæ у. Ацы станок хъæдæрмæг лыг кæнынæн Давидæн йæ 15 азмæ балæвар кодтой йæ ныййарджытæ. Уыдон сæ фырты фæрцы базыдтой ацы хъуыддаджы сусæгдзинæдтæ.

Æнтыстджын ахуырдзау æмæ спортсмен. Афæдзы размæ та ма Давидмæ æнæнхъæлæджы фæзынд цымыдисдзинад хъæддæсныйадмæ. Алцыдæр райдыдта 8-æм къласы, технологийы урочы хуымæтæг хæслæвæрдæй.

Абон æй йæ уарзон хъуыддагæй архайд нæ хъыгдары йæ ахуыры. Суанг ма йын æххуыс кæны хицæн предметтæ скъолайы программæйæ уæрæхдæр ахуыр кæнын.

Цымыдисаг ма у, зын кæй у, уый тыххæй. Згъæр æмæ хъæд баиу кæнын æнцон нæу. Фæлæ 14-аздзыд лæппуйæн уый æнтыстджынæй йæ хъухы *фты. Спортсмены тырнындзинад æмæ æвзонг перфекционизм. Æмæ та радон фæлварæн иттæг хорз æххæстгонд æрцыд. Ацы бандон сси фыццаг йæ заказты номхыгъды. Исы сæ йæ бинонты хæлæрттæй, зонгæтæй æмæ ма суанг социалон хызтæй дæр. Йæ цех ис хæдзары чысыл пъадвалы. Давиды мад сæрыстырæй дзуры, лæппу кусын куыд райдыдта, æмæ йæм абон цавæр бæллиццтæ ис, уый тыххæй.

Ацы хъуыддаг фæзынд лæппуйы алывæрсыг райрæзтыл. Ныр æм ис фæлтæрддзинад, баууæндын хи тыхтыл æмæ йæм йе ргом раздæхта профессионалон æхсæнад.

Лæппу фылдæр уарзы хъæдæрмæджы зынаргъ хуызтимæ кусын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонимæ зындæр архайын у, хъæуы фылдæр зонындзинæдтæ. Хъæддзаума цæттæ кæнын Давид йæхицæн нымайы, æрмгуысты дарддæры къæпхæныл.

Æрдзон тæрс сæрмагонд декоры элементтимæ. Ацы хиконд лонгборд у æрмдæсныйы сæрыстырдзинад. Куыд ацы люстрæ дæр. Цæлгæнæн мигæнæнтæ, декоры æмæ интерьеры предметтæ. Лæппумæ бирæ сфæлдыстадон фæндтæ ис. Æмæ кæй сæххæст уыдызсты, уый дызæрдыггаг нæу.

Ныртæккæ Давид 9-æм къласы ахуыр кæны. Ацы аз æм æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнтæ. Хъæуы равзарын фидæны цардвæндаг дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ санкцитæ хорзырдæм фæзындысты ахæм æрыгон æмæ курдиатджын специалистты *хсæн ерысхъомдзинады райрæзтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania