Цæгат Кавказы федералон зылды тæтæйраг организациты разамонджытæ фембæлдысты нæ республикæйы национ-культурон æхсæнадты минæвæрттимæ
РЦИ-А Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди Татарстаны республикæйы официалон делегациимæ. Уазджыты сæргъы – субъекты премьер министры хæдивæг, тæтæйрæгты æппæтдунеон конгресы Советы сæрдар Василь Шайхразиев. Фембæлды ма архайдтой Цæгат Ирыстоны дзуапдæттæг оргæнты разамонджытæ дæр. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ ахсджиаг сты æфсымæрон, культурон æмæ экономикон бастдзинæдтæ фидар кæныны хъуыддаджы. Дзанайты Барис радзырдта регионы рæзты æмæ дзы адæмæн цы уавæртæ ис, уыдоны тыххæй. Цæгат Ирыстоны ис 100 адæмыхаттæй фылдæр. Тæтарстаны минæвæрттæ республикæйы цæрынц 200 азæй фылдæр. Иумæйаг тыхтæй æмæ æмзондæй сфидар сты бирæазон традицитæ æмæ культурон бастдзинæдтæ.
Тæтæйраг национ-культурон æхсæнад ныр æртын азæй фылдæр зынгæ æвæрæн хæссы республикæйы æхсæнадон цардмæ. Уæвгæ, Цæгат Ирыстон йæ географион бынатмæ гæсгæ кæдфæндыдæр иттæг хорз уыди ахсджиаг æхсæнадон культурон цаутæ аразынмæ. Фарон федералон æмвæзадыл сбæрæг кодтам Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы. Ацы азы къæлиндары дæр ис æртæ ахсджиаг цауы, зындгонд сты се ппæтæн дæр, æмæ уыдон сбæрæг кæныны мадзæлтты дæр хъуамæ архайæм æнгомæй æмæ иумæйагæй, загъта хицауады сæрдар. Василь Шайхразиев дæр йæхи рдыгæй стыр бузныг загъта фысымтæн, стæй нæ регионимæ бастдзинæдтæ фидардæр кæнынмæ цæттæ кæй сты, уый. Радзырдта ацы аз сæ размæ цы хæстæ сæвæрдтой, уыдоны тыххæй. Татарстаны делегаци Ирыстонмæ ссыди Цæгат Кавказы федералон зылды тæтæйраг æхсæнадон организациты цæугæ æмбырдты фæлгæты.
Цæгат Кавказы федералон зылды тæтæйраг организациты разамонджытæ фембæлдысты нæ республикæйы национ-культурон æхсæнадты минæвæрттимæ. Уазджытæн «æгасцæуай» загътой национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан æмæ республикæйы пысылмæтты управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат. Æмбырды æрныхас кодтой ацы азы хатдзæгтыл æмæ фидæнмæ нысантыл. Бæлвырд нысантæ скодтой фидар æфсымæрон бастдзинæдтæ аразынæн. Уазджытæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы Сунниттаг мæзджыт дæр.




