филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 воскресенье, 01 февраля 2026
25 января 2024, 11:30
Æрыдоны арæзт æрцыд æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæртты æмæ газы кусджыты иумæйаг рейд

Районтæй хуымæтæджы нæ райдыдтой, зæгъынц специалисттæ

Газæй хъыгдард куыд ма баййафын æмæ æххуысмæ кæмæ хъæуы фæсидын, газ кæмдæр уадзы, уый куы сбæрæг уа, уæд. Ахæм фæрстытæ Æрыдоны цæрджытæ лæвæрдтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæртты æмæ газы кусджыты рейды рæстæг. Ацы аз ахæм иумæйаг мониторинг фыццаг хатт арæзт æрцыд. Районтæй хуымæтæджы нæ райдыдтой, зæгъынц специалисттæ. Сæ статистикæмæ гæсгæ, хæххон æмæ хъæуккаг территориты арæхдæр пайда кæнынц газы баллонтæй. Уымæ гæсгæ, сæ уавæрмæ хъуамæ уа сæрмагонд цæстдард. Рейды рæстæг кастысты хъармгæнæн пецты, колонкæты æмæ газы баллонты уавæрмæ. Адæмæн æмбарын кодтой, куыд ахсджиаг у ахæм кусæнгæрзты архайдмæ лæмбынæг цæст дарын. Ацы хъуыддаг куы нæ æххæст кæной, уæд тæссаг у уæззау фæстиуджытæм расайынæй. Ныридæгæн ацы аз газы æнæраст куысты аххосæй амард 2 адæймаджы. Ахæм цаутæ ма руадзыны тыххæй арæзт цæуынц рейдтæ. Мониторингы рæстæг-иу къуылымпыдзинæдтæ куы рабæрæг, уæд-иу сæ специалисттæ аиуварс кодтой. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ ма адæмæн радзырдтой, газы кусæнгæрзтæй пайдагæнгæйæ æдасдзинады æгъдæутты тыххæй. Байуæрстой сын уыдон, стæй æвæстиаты службæты телефонтæ фыст кæм сты, ахæм гæххæттытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania