филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:38 воскресенье, 01 февраля 2026
09 февраля 2024, 11:33
Хъæдгæроны цæрæг Хадыхъаты бинонтыл æрцыд уæззау цау

Иры Стыр ныхасы совет сиды адæммæ, цæмæй баххуыс кæной бинонтæн

Зын рæстæг адæймаджы фарсмæ æрбалæууын. 20-æм январы Хъæдгæроны цæрæг Хадыхъаты бинонтыл æрцыд уæззау цау. Ссыгъди сæ хæдзар. Уый аххосæй йæ цардæй ахицæн 5 сывæллоны мад. Кæстæр сабийыл цæуы æрмæстдæр 2 мæйы. Фыдбылызы размæ хæсы тыххæй бинонтæн алыг кодтой сæ газ. Цæмæй сывæллæттæн хæринаг скæныны фадат уа, уый тыххæй спайда кодтой газы баллонæй, фæлæ схæцыд æмæ бинонтæ баззадысты æнæ хæдзарæй. Иры Стыр ныхасы совет сиды адæммæ, цæмæй баххуыс кæной Хадыхъаты бинонтæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Æрæджы дæр ма ацы цæлгæнæн уыд, бинонтæ сæ фæллад кæм уагътой, уыцы бынат. Хæдзары фсин Зыкъуырты – Хадыхъаты Зитæйæн цалцæггæнæн куыстытæ уыдысты æцæг бæрæгбоны хуызæн. Уымæн æмæ йын цæлгæнæн уыд хæдзары уарзондæр бынат. Абон та, хæдзарæй ма цы баззад, уымæ кæсгæйæ адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, æрæджы дзы æнгом æмæ хæлар цард кæй кодтой, уый. 20-æм январы цæлгæнæны газ кæй уагъта, уымæ гæсгæ хæдзар ссыгъд. Арт йæ фæстæ ницы ныууагъта. Уатæй ма баззадысты æрмæстдæр агуыридуртæ. Уыцы æвирхъау цау куы рцыд, уæд уаты уыд æрмæстдæр Зитæ. Сылгоймаджы аластой рынчындонмæ, дохтыртæ йын бакодтой æмбæлгæ æххуыс, фæлæ сылгоймаг нал аирвæзти.

Æнæ мадæй баззадысты 5 сывæллоны. Хистæр лæппуйыл цæуы 15 азы. Æппæтæй кæстæр сабийыл та 2 мæйы. 13 аздзыд Сæрмæты хъæуы медицинон æххуыс. Райгуырд риуыгуыдыры деформациимæ. Йæ мад Зитæйы фæндыд фæрæзтæ сæмбырд кæнын, æмæ сывæллоны дохтыртæм акæнын, фæлæ йæ къухы нæ бафытыд. Кæд цард йæ кæнон кæны, уæддæр сывæллоны абон дæр ма хъæуы æххуыс.

Ныр сывæллæттыл аудынц бинонты хæстæджытæ. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ сын æххуыс кæнынц. Хадыхъатыл уæззау цау æрцыд, æмæ дарддæры фæндтыл нырма раджы у дзурын. Зитæйы бинойнаг Хадыхъаты Альберт куыд зæгъы, афтæмæй хæдзар кæд сног кæной, уæддæр дзы бинонтæ нал цæрдзысты.

Зындзинæдты ныхмæ æрлæууын æнцон нæу. Бахъуаджы рæстæг адæймаджы цур æрбалæууын – ис ирон адæймаджы туджы. Æнæхъæн Ирыстон æххуыс кæны Хадыхъаты бинонтæн. Чи фæрæзтæй, чи уды фæлмæндзинадæй, чи та уæздан дзыхыныхасæй. Ацы цау фæриссын кодта сыхас регионты цæрæг адæмы зæрдæтæ дæр. Се ппæт дæр æххуыс кæнынц, куыд сæ бон у, афтæ. Фæрæзтæ арвитæн ис, экраныл цы реквизиттæ ис, уырдæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania