Ирон аив дзырды дæсны литературæйæн лæггад кæнын райдыдта скъолайы, хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ
Абон йе 85 азы юбилей бæрæг кæны фыссæг, поэт, прозаик, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Дауыраты Дамир. Ирон аив дзырды дæсны литературæйæн лæггад кæнын райдыдта скъолайы, хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ. Уæд рухс федтой йæ фыццаг æмдзæвгæтæ. Фæстæдæр Дамир йæхи бафæлвæрдта прозæйы æмæ йын фæрæстмæ. Дамир у педагогон институты æмæ Ростовы уæлдæр партион скъолайы журналистикæйы факультеты рауагъдон. Бирæ азты куыста бæрнон бынæтты, фæлæ никуы ныууагъта литературæйæн лæггад. Йæ уацмысты фыссæг æдзухдæр агуры рæстдзинад, тырны басгарын адæймаджы миддуне. Дауыраты Дамир уыдис Лондоны. Уым фембæлд нæ зындгонд æмзæххон Токаты Гоккийымæ. Афтæ фæзынд фыссæджы ирддæр уацмыстæй иу – Портрет осетина на луне. Дауыраты Дамир ныффыста чингуытæ Милдзыхты Хадзымурат, Дзиуаты Мухтары, Æлбегаты Харитон æмæ æндæр зындгонд фæллойгæнджыты тыххæй. Дауыраты Дамир хорзæхджынгонд у нæ республикæйы уæлдæр хæрзиуæг – Ирыстоны намысы майданæй.




