филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:30 воскресенье, 01 февраля 2026
15 февраля 2024, 11:25
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг. Цгъойты Игорь

Отряд «Шторм. Осетия»-йы командæгæг, зындгонддæр у йæ фæсном «Король»-æй

Нæ программæйы дарддæр æххæст кæнæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы нæ хæстонты тыххæй историты цикл. Ацы хатт нæ æрмæджы хъайтар сси отряд «Шторм. Осетия»-йы командæгæнæг Цгъойты Игорь. Йæ дæлбар лæппутæ фронты сты фыццаг бонтæй. Æнтыстджынæй æххæст кæнынц сæ размæ æвæрд хæстæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Абон сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы ацы батальонты штурмгæнæн отрядтæ сты размæбырсты. Ныхмæлæууæгимæ кæнынц хæстæг тох, уæлдай тæссаг у сгарджытимæ ныхæй-ныхмæ сымбæлынæй, минæтыл ныллæууынæй кæнæ æхсты бын бахауынæй.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй ацы лæппутæ æнтыстджынæй бауромынц боевикты размæбырсты æппæт фæлтæрæнтæ дæр Запорожьейырдыгæй. Алцыдæр цæмæй райдыдта, уый бирæтæ нал хъуыды кæнынц. Уыд 22-æм аз. Уыдон, бархионтæй, араст сты Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тох кæнынмæ.

С этого момента, как вы отправляетесь в зону СВО, мы с вами – братья по оружию. Задача – непростая. Но посильная. С такими как вы – горы можно сворачивать! И мы это сделаем.

Бынат иртасын, ныхмæлæууæджы тыхтæн аргъ скæнын, æхсæн цæттæдзинад. Уæд ничи ма зыдта, разæй цы уыдзæн. Цгъойты Игорь, отряд «Шторм. Осетия»-йы командæгæг, зындгонддæр у йæ фæсном «Король»-æй – мысы – уавæр уыд уæззау, фæлæ кусæг.

Запорожье. Пологийы район. Дæлхайæдтæ «Алани» æмæ «Шторм» исынц арæн æмæ акъоппытæ къахынц. 3 километры æмæ *рдæг дæргъæн траншейты, блиндажты æмæ инженерон арæзтæдты фæрцы фыццаг бонтæй æнтысы ныхмæлæууæгæн ныхкъуырд дæттын,

Тохы быдыры – ног тактикæ æнæпилотон тæхæн апараттæй пайдагæнгæйæ. Техникон æгъдауæй батальонтæ фыццаг бонæй æххæстгонд цыдысты курдиæттæм гæсгæ, фæлæ нæ уыд фæлтæрддзинад.

Дронты иу хай батальоны сты трофейтæ. Æрмæст фæстаг 2 мæймæ нæ хæстонтæ æрбадын кодтой ныхмæлæууæджы 30 коптеры бæрц. Семæ архайынц æцæг дæснытæ. Сæ программæ сын баивынц æмæ сæ фæстæмæ арвитынц, цæмæй цы хъуыддаг райдыдтой, уый кæронмæ ахæццæ кæной.

Æнæпилотон аппаратты гæнæнтæ парахат сты. Бирæ сын æнтысы.

Фæлтæрдджын командæгæнæг, Лæгдзинады 3 ордены кавалер Цгъойты Игорь архайдта бирæ хæстон цауты. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм стыр æфсæрст никуыма федта.

Фашисттæ бонæй-бонмæ цъаммардæр кæнынц. Боевикты цæфтæ социалон объекттыл – сты æвдисæн ныхмæлæууæджы ныфс кæй сæтты, уымæн. Махуæтты тыххæй афтæ зæгъæн нæй.

Батальоны се ппæт хæстонтæм дæр ис æфсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй бæрзонд паддзахадон хæрхиуджытæ. Райстой сæ Сергей Меняйлойы къухтæй.

Къуымбил цъындатæ, флисæй уæлæдарæс, маскировкæгæнæн хызтæ, акъоппаг цырæгътæ – уый алцыдæр у мингай зæрдæхæлар адæмы къухты фæллой ам, фæсчъылдым.

Игорь дзуры, лæппутæ уæлдай аргъ кæнынц сывæллæтты фыстæджытæн. Хæстонтæ сæ баныхасынц блиндажы къултыл, сæвæрынц сæ риуыл дзыппыты. Аудындзинад æмæ æххуыс æгæр бирæ никуы вæййынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania