Цæугæ музей 23-æм февралæй фæстæмæ балц кæны Уæрæсейы горæттæм хъахъхъæнынады министрады акци «Сила в правде» æххæстгæнгæйæ
Цæгат Ирыстон бабæрæг кодта æфсæддон эшелон. Дзæуджыхъæу сси Уæлахизы тематикон поезды 15-æм æрлæууæн. Цæугæ музей 23-æм февралæй фæстæмæ балц кæны Уæрæсейы горæттæм хъахъхъæнынады министрады акци «Сила в правде» æххæстгæнгæйæ. Дзæуджыхъæуы кадджын мадзал арæзт æрцыд æфсæнвæндаджы вагзалы фæзы. Архайдтой дзы Хицауады минæвæрттæ, бæрнон кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ. Егъау проект уазджытæн дзуры Уæрæсейы æфсæддон хъомысы тыххæй. Алы вагон дæр у стилизацигонд æмæ бæстæйы æфсадимæ баст. Адæм федтой æфсæддон техникæйы нырыккон хуызтæ, архивон документтæ. Гæнæн ма уыд виртуалон хуызы тохы быдырмæ бахауын æмæ квадрокоптеримæ архайын.




