Нæ программæйы хъайтар – æрыгон поэтессæ Хæмыцаты Лаурæ
Поэзи у, фехъусæн кæй ис, ахæм аивады хуыз. Поэзи кæддæриддæр йæхимæ лвæста курдитаджын адæмы, стæй, аив дзырд чи уарзы, уыдоны. Æхсызгон у уый, æмæ ахæм курдиатджын фæсивæд кæддæриддæр уыд, æмæ ныртæккæдæр ис Ирыстоны дæр. Сæ иу – нæ программæйы хъайтар æрыгон поэтессæ Хæмыцаты Лаурæ. Йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.
Хæмыцаты Лаурæ поэзи бауарзта 6 аздзыдæй. Уæдæй нырмæ йæхи фæлвары алы хуызы. 23 аздзыд чызг ныридæгæн сæмбырд кодта йæхи аудитори. Йæ фыст рæнхъытæ адæмы зæрдæты ссарынц бынат, уымæн æмæ сæ æвдисы адæймагмæ уарзондзинад, узæлд æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ. Уый та арæх нырыккон царды нæ фæфаг кæны. Æмдзæвгæты хъуамæ уа уд.
Хæмыцаты Лаурæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Чико» рухс федта 2 азы размæ. Æрыгон поэтессæйæ йæ ныффыста хæрзхæстæджы номыл. Гыцыл чиныджы алцыдæр баст у адæймаг царды цæмæ хъуамæ тындза, æмæ йæ хзæрдæйы цы рухс æнкъарæнтæ гуыра, уый.
2021-æм азы Лаурæ архайдта Гæздæнты Гайтойы номыл мультикультурон фестивалы æмæ дзы сси уæлахиздзау. Æртæ призеры ахуыдтой Мæскуымæ. Афтæ, Лаурæ ахуыртæ ацыди Захар Прилепины æрмадзы. Социалон-экономикон æмæ интеллектуалон программæты фонды фысджыты дæсныйады скъола, фысджыты æмæ рауагъдадты Цæдисы ассоциацийы æппæтуæрæсеон æрмадз, æрыгон фысджыты форумы архайд… Хæмыцаты Лаурæ æвæллайгæйæ кусы йæхиуыл, хуыцауæй йын цы курдиат лæвæрд ис, уый ноджыдæр арфдæр равдисыныл, æмæ йын адæм аргъ дæр кæнынц.
Дзæуджыхъæуы поэтикон изæртæ сты тынг парахат. Литературæ уарзджыты йæхимæ лвасы æрыгон фысджыты сфæлдыстад. Вахтанговы хæдзар сси æрмæст спектакльты æмæ концертты фæз нæ, арæх дзы вæййы поэтикон изæртæ дæр.
Адæймаджы зæрдæмæ сфæлдыстадæй рухс бауадзын се ппæты бон нæу. Ахæм курдиат лæвæрд вæййы хуыцауæй æмæ йæ хъæуы хъахъхъæнын. Хæмыцаты Лаурæ зоны аивдзырды æгæрон аргъ.




