17 мая 2024, 12:05
Национ музейæн лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты архивон документтæ
Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд патриотон экспедицимæ гæсгæ
Национ музейæн лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты архивон документтæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд патриотон экспедицимæ гæсгæ. Йæ маршрут у горæт-хъæбатыр Ленинград – æфсæддон намысы горæт Дзæуджыхъæу. Ацы 2 горæты иу кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты иумæйаг хъæбатыр истори æмæ æнæмæлгæ намыс. Мадзал сарæзта Санкт-Петербурджы хæсты, фæллойы, гæрзифтонг тыхты æмæ барадхъахъхъæнæн оргæнты ветеранты æхсæнадон организаци. Делегацийы хыгъдмæ бацыд 6 адæймаджы. Национ музейæн радтой 200 документы бæрц. Сæ хыгъды – Советон Цæдисы 79 хъæбатыры, ацы кадджын ном райсынмæ кæй балæвæрдтой, ахæм 49 æфсæддоны æмæ Намысы ордены 12 æххæст кавалеры архивон гæххæттытæ.
темæмæ гæсгæ




