Мадзал райдыдта знон æмæ ахæсдзæн 8-æм июньмæ
Цæгат Ирыстон архайы Санкт-Петербурджы дунеон экономикон форумы. Мадзал райдыдта знон æмæ ахæсдзæн 8-æм июньмæ. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нæ делегацийы куыст форумы фыст у минуттæм гæсгæ, сæххæст кæнын хъæудзæн бирæ ахсджиаг нысантæ. Бафысдзысты цалдæр ахсджиаг бадзырды. Уыдон хорзырдæм фæзындзысты регионы экономикæйыл, ацæудзысты алы æмвæзады паддазхадон структурæты минæвæрттимæ фембæлдтытæ, стæй архайдзысты презентациты, экспертон дискусситы æмæ пленарон æмбырды. Нæ республикæйы стенды равæрдтой 29 инвестицион проекты, сæ иумæйаг аргъ у 97 миллиард сомы. Уыдон æххæстгонд куы рцæуой, уæд куысты бынæттæ ратдзысты 8 мин адæймагæн. Нæ нысан у дунейы алы бæстæтæн равдисын, Ирыстоны экономикон хъомыс, цæттæ кæй у инвестортимæ кусынмæ, уый — загъта Сергей Меняйло.




