Мемориалон фæйнæг байгом кодтой æппæтуæрæсеон музыкалон-рухстауæн, ахуырадон, наукон проект «Россия#юг#победа#помним»-ы фæлгæты
Хъæдгæроны мемориалон фæйнæг байгом кодтой, Гуыриаты бинонтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны номыл. Гуыриаты Ильяйы ном партизанты змæлды у сызгъæрин дамгъæтæй фыст. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыди фыццаг дæлкъордæй иу, æмæ уый фæрцы мæлæтæй фервæзт 50 салдаты. Йæ хистæр хо Гуыриаты Екатеринæ уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсæдты хыгъды уыди химик. Ленинграды блокадæйы рæстæг иу сæдас кодта бомбæтæ, æххуыс кодта цæф салдæттæн, бынатмæ хæцццæ кодта хæстфæрæзтæ. Гуыриаты бинонты тыххæй информаци æмбырд кæнынц ныр дæр. Мемориалон фæйнæг байгом кодтой æппæтуæрæсеон музыкалон-рухстауæн, ахуырадон, наукон проект «Россия#юг#победа#помним»-ы фæлгæты. Баст у, йæ цардæй райгуырæн бæстæ чи бахъахъхъæдта, уыдоны рухс ном сæнусон кæнынимæ.




