филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:56 воскресенье, 01 февраля 2026
06 июня 2024, 12:22
Цæгат Ирыстонæй гидтæ систы Уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы проект «Экскурсоводты Лигæ»-йы финалисттæ

Республикæйы минæвæрттæ регион æмбæлгæ æмвæзадыл равдыстой æппæтадæмон равдыст-форум «Россия»-йы

Цæгат Ирыстонæй гидтæ систы Уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы проект «Экскурсоводты Лигæ»-йы финалисттæ. Республикæйы минæвæрттæ регион æмбæлгæ æмвæзадыл равдыстой æппæтадæмон равдыст-форум «Россия»-йы. Ирыстоны 3 гиды бацыдысты хуыздæрты сæдæйы хыгъдмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бульвар, горæты трамвай, аллея, центрон парк æмæ ма йæм суанг цы асинтæ цæуынц, уыдон дæр. Дзæуджыхъæуы ацы бынæттæ кæддæр æвæрд æрцыдысты мистикон роман «Мастер и Маргарита»-йы бындуры. Уыдоны тыххæй дзуры фыссæг йæ уацмысы. Уый зонгæйæ, горæтмæ æндæр цæстæнгасæй кæсы адæймаг. Булгаковы цæстæнгасæй. Автор Дзæуджыхъæуы ссардта уæлкурдиат, ам райдыдта йе сфæлдыстад æмæ æнустæм йæ ном бафыста горæты историйы.

Сусæгдзинæдтæй æххæст литературæ. Дзуæппытæ Михаил Булгаков æмбæхсы йæ уацмысты рæнхъыты. Бирæтæ нæ зонынц, Мастер цы горæты сси, уый Дзæуджыхъæу кæй уыд. Æнæмæнг ацы горæты райдыдта фыссæджы царды ног, æмæ гæнæн ис, æппæтæй ахсджиагдæр къæпхæн.

«Экскурсоводты лигæ»-йы æрмæст проект «Булгаковы Дзæуджыхъæу» нæ архайдта. Жюри æмбæлгæ аргъ скодта Дзæуджыхъæуы иммерсивон экскурсийæн дæр. Адæймаджы горæтимæ хуымæтæджы нæ зонгæ кæны, раргом ын кæны йæ миддуне.

Йæ хъуыдыйæн презентаци скодта Хъантемыраты Зæринæ дæр. Гид-экскурсовод æдзух республикæйы уазджытимæ абалц кæны Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæм.Фæлæ йæ проект чызг сбаста Дзæуджыхъæуимæ, бæлвырддæр та йæ архитектурæимæ.

Ахуырадон блок, проекттæ бахъахъхъæнын… Лигæйы финалы программæ хуымæтæг нæ уыд. Фæлæ уæддæр цæгатирыстойнаг гидтæ бахаудысты хуыздæрты сæдæйы хыгъдмæ.

Туристты нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны. Ирыстонмæ иу хатт чи æрбацæуы, уыцы адæмы ма бафæнды ногæй æрбаздæхын. Æмæ ацы хъуыддаджы æнæмæнг ахсджиаг бынат ахсынц республикæйы тыххæй радзурын чи зоны, уыцы адæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania