филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:37 воскресенье, 01 февраля 2026
20 июня 2024, 12:17
Цæгат Ирыстоны волонтертæ æдзухдæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн

Афтæ Црауы цæрджытæ дæр се *ххуысы хай хæссынц уæлахиз æрбахæстæгдæр кæныны хъуыддагмæ

Цæгат Ирыстоны волонтертæ æдзухдæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн. Афтæ Црауы цæрджытæ дæр се *ххуысы хай хæссынц уæлахиз æрбахæстæгдæр кæныны хъуыддагмæ. Быйынц сæрмагонд хызтæ æмæ кæнынц акъоппыты цæмæй пайда кæнынц, ахæм цырæгътæ.  Куы сæ сцæттæ кæнынц, уæд сæ арвитынц сæрмагонд операцийы зонæмæ нæ хæстонтæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Црауы цæрæг Джыгкайты Фатимæ йе мхъæуккæгтимæ ныр 6 мæйæ фылдæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Быйынц маскировкæгæнæн хызтæ æмæ кæнынц акъоппаг цырæгътæ хæстонтæн. Фатимæйы фырт Гадзалаты Солтан службæ кæны контрактмæ гæсгæ, фыццаг бонтæй ис сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Сылгоймаг хорз зоны, лæппутæн фронты куыд зын у, уый. Хызтæ быйынц æрвылбон, хатгай æмбисæхсæвмæ.

Алы маскировкæгæнæн хызимæ сæвæрынц фыстæг. Уымæн æмæ ацы сылгоймæгтæ хуымæтæг фæрæзтæ нæ цæттæ кæнынц, алы куысты дæр бавæрынц сæ уды хъарм. 13 адæймаджы æрвылбон архайынц æмæ æрлæууынмæ нæ хъавынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй уæлахизы онг лæппутæн сæ бон цæмæй у, уымæй æххуыс кæндзысты.

Маскировкæгæнæн хызтæ скæныны заказтæ исынц æфсæддонтæй. Волонтертæн ныридæгæн бантыст 65 хызæй фылдæр сцæттæ кæнын. Фæсидтысты ма зæрдæхæлар адæммæ, цæмæй сæм æхцайæ фæкæсой, хатгай цы æрмæджытæ нæ фæфаг кæны, уыдон балхæнынæн. Ахæм æххуыс æмæ аудындзинад нæ хæстонтæн ахсджиаг у. Хæдзары сæм кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый зонындзинад сын æххуыс кæны сæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæнынæн.

Хæстæгдæр рæстæг волонтерты къорд Црауæй сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвитдзæн цалдæр маскировкæгæнæн хызы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania