филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:05 воскресенье, 29 сентября 2024
25 июня 2024, 11:40
Хъиргъуыты Верæ сæмбæлд йæ 100 азы юбилейыл

Афтæ фæзæгъынц зæронды кармæ фæцæрын у Хуыцауы лæвар. Ахæм лæварæй фæхайджын Мæрзойты – Хъиргъуыты Верæ. Сæмбæлд йæ 100 азы юбилейыл. Раарфæ йын кодта нæ телерадиокомпанийы сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Афтæ, хъазæнныхас кæнæгæйæ, адæмуарзонæй, йæ сæдæ азы боныл сæмбæлд Хъиргъуыты – Мæрзойты Верæ. Йæ юбилеймæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон та æвдисæн сты, йæ цардæй иу уысм дæр дзæгъæлы кæй нæ уыд, уымæн.

Хæсты сывæллон Мæрзойты – Хъиргъуыты Вера йæ цардæй у тынг разы. Уæхъæцаг чызг дзæбæх хъуыды кæны, Мæрзойты бинонтæм куыд æрбацыд, уый.

Бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинаг, азты дæргъы дæр нæ рох кæны се нгом бинонтæ. Фæлæ сын æй фехæлдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

Верæ æрмæст йе нгом бинонты хорздзинадыл нæ архайдта, фæлæ ма лæггад кодта æппæт комы цæрджытæн дæр. Уыд медицинон хо æмæ никуы никæмæн бавгъау кодта нæдæр йæ хъару, нæдæр йæ рæстæг.

Цард æрмæст бæрæгбон кæй никæмæн вæййы, уый алчи дæр йæхиуыл уыны. Афтæ Мæрзойты -Хъиргъуыты Верайæн дæр цæугæ рауад хæрды дæр, уырдыджы дæр. Ацы бон ын йæ бирæ фæллæйттæ йæ цард æнцондæр кæнынц. Уымæн æвдисæн – хи чызгау кæй схъомыл кодта, уыцы Эммæ. Вера куыд зæгъы, афтæмæй хи хъæбул дæр бирæты нæ барæвдаудзæн, Эммæ мæнмæ куыд кæсы, афтæ.

Афтæ фæзæгъынц – дзæбæх хистæр амонæг у, хорз кæстæр та уынаг. Афтæ Верайы 100 азы хабарыл уæлдай цин бакодта йе рыгон тиу Мæрзойти Олег.

Æнусы карæн адæймаджы царды хабæрттыл афæлгæсыны хæс йæхимæ райсын стыр хъуыддаг у. Фæлæ мах нысан уыд, не рмæгæй, цыбырæй фæбæрæг кæнын – æнæзивæгæй, адæм уарзонæй, дæ рæстæг куы рвитай, уæд, азтæн сæ цыд дæр никуы бамбардзынæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania