филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:17 воскресенье, 01 февраля 2026
27 июня 2024, 11:46
Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкæйæн уыди цæрджытимæ фембæлд

Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкæйæн уыди цæрджытимæ фембæлд. Мадзалы архайдта РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Владимир Путины хæслæвæрдмæ гæсгæ фембæлды каст æрцыди Майрæмададжы цæрæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы курдиатмæ. Куры, цæмæй йын йæ хæдзар газуадзæн хызтæм баиу кæнынмæ баххуыс кæной. Сергей Меняйло фехъусын кодта, уыцы фарста лыггонд кæй æрцæудзæн социалон газификацийы программæйы фæрцы. Уым республикæ архайы 2021-æм азæй нырмæ, æмæ йæ хатдзæгтæм гæсгæ бæстæйы ахсы 7-æм бынат. Бакуыстой, зæххы бынты чи цæудзæн, ахæм газуадзæн системæйы проектон-сметон документацийыл, æмæ Майрæмададжы цæрæджы хæдзар баиу кæндзысты, уыцы хæтæлтæм.

Уымæй уæлдай, Русланæн, куыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæгæн, республикон бюджетæй радих кæндзысты 100 мин сомы, цæмæй йæхи территорийы дæр газ бауадзыны лæггæдтæн бафида, уый тыххæй. Куыстытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой декабры онг. Фæлæ архайдзыстæм, фарста раздæр алыг кæныныл, загъта Сергей Меняйло. Юрий Чайка Русланæн загъта бузныг, бæстæйы сæраппонд кæй архайы, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania