филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:56 воскресенье, 01 февраля 2026
08 июля 2024, 12:06
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны æрыгон туристты æппæтуæрæсеон æмбырды архайджыты суазæг кæнынмæ

Ацæудзæн 20-æм июлæй 3-æм августмæ, Æрæфы районы, фæлладуадзæн базæ Комы Арты

Цæгат Ирыстон цæттæ кæны æрыгон туристты æппæтуæрæсеон æмбырды архайджыты суазæг кæнынмæ. Ацæудзæн 20-æм июлæй 3-æм августмæ, Æрæфы районы, фæлладуадзæн базæ Комы Арты. Форум куыд ацæудзæн, ууыл дзырдтой, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыд уым. Премьер куыд фæбæрæг кодта афтæмæй æппæты сæйрагдæр у сывæллæтты æдасдзинад баххæст кæнын æмæ фæсидтис бæрнон адæймæгтæм, цæмæй афойнадыл бакусой уыцы фарстайыл. Нæ бæстæйы алы регионтæй 28 командæйы ацæудзысты Ирыстоны туристон маршруттыл, æххæст кæндзысты бæстæзонынадæй хæслæвæрдтæ, уый фæстæ та хъахъхъæндзысты сæ докладтæ. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фæлтæрдджын специалисттæ æххуыс кæндзысты командæтæн,  сараздзысты сын дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ сын бацамондзысты хæхты хи дарыны миниуджытæ. Æдасдзинад баххæст кæнынæн уыцы бынаты æхсæвæй бонæй рад хæсдзысты барадхъахъхъæнджытæ, ирвæзынгæнджытæ æмæ дохтыртæ. Сæрмагонд амынддзинæдтæ бацæттæ кодта Уæрæсæйы фæлхасадмæ цæстдарды регионалон управлени дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania