филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:56 воскресенье, 01 февраля 2026
09 июля 2024, 11:39
Цæгат Ирыстоны æмæ Санкт-Петербурджы закъондæттæг оргæнты делегаци схызти «Мариинаг» хохы цъуппмæ

Санкт-Петербурджы уæлдæр оргæны 30 азы юбилейы кадæн æрæджы афтæ схуыдтой, Алагиры районы территорийы чи ис, уыцы æнæном хох

Цæгат Ирыстоны æмæ Санкт-Петербурджы закъондæттæг оргæнты делегаци схызти «Мариинаг» хохы цъуппмæ. Санкт-Петербурджы уæлдæр оргæны 30 азы юбилейы кадæн æрæджы афтæ схуыдтой, Алагиры районы территорийы чи ис, уыцы æнæном хох. Парламентариты хъуыдымæ гæсгæ, ацы хохыл æппæтæй хуыздæр сфидыдта ном  – «Мариинаг». Уый дзурæг у дыууæ регионы хсæн æнгом историон ахастдзинæдыл. Санкт-Петербурджы закъондæттæг æмбырд ис Мариинаг Галуаны. Ацы номæй йæ кæй схуыдтой, уый баст у Мариинаг театримæ дæр. Афтæ, хохæн цы ном радтой, уый фидар тæгтæй сбаста истори æмæ нырыккон цард, политикæ æмæ аивад, уымæй тынгдæр та ныффидар кодта дыууæ регионы хæлардзинад. Санкт-Петербурджы закъондæттæг æмбырды спикер Александр Бельский куыд загъта, афтæмæй зæрдæ дары, «Мариинаг» хох Ирыстоны цæрджыты æмæ уазджыты уарзондæр бынæттæй иу кæй уыдзæни, ууыл. Тускъаты Таймураз  куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны кæдфæндыдæр зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц нæ бæстæйы цæгатаг столицæйæ уазджытæм. Æмæ ныр та хъуамæ фылдæр уой, загъта Парламенты сæрдар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania