филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:56 воскресенье, 01 февраля 2026
09 июля 2024, 12:07
Уæрæсейы сбæрæг кодтой бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон

Бæрæгбоны кадæн къниаз Владимиры номыл  аргъуаны уыд сæрмагонд аргъуыд

Уæрæсейы сбæрæг кодтой бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон. Бæрæгбоны кадæн къниаз Владимиры номыл  аргъуаны уыд сæрмагонд аргъуыд. Уый фæстæ,  мадзалы архайджытæ, бæлвырддæр та – сывæллонджын бинонтæ æмæ акци аразджытæ аргъуаны цурæй араст сты Дзæуджыхъæуы ценртмæ. Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы арæзт æрцыдысты конкурстæ, концерттæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Сæйрагдæр та – хорзæхджын кодтой бирæсывæллонджын бинонты. Бинонты æппæтуæрæсеон парад скæныны паддзахадон хъæппæрисы фарс рахæцыд чырыстон аргъуан дæр, уый Мæскуыйы æмæ æппæт Уырысы Патриарх Кириллы арфæйы фæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania