Уыдон фадат ратдзысты нæ регионы 8 мин куысты бынаты скæнынæн
Кавказы инвестицион форуммæ 15-æмæй – 17-æм июлы онг Грознайы, Цæгат Ирыстон бацæттæ кæндзæн 29 инвестицион проекты экономикæйы сайрæгдæр къабæзты. Уыдон фадат ратдзысты нæ регионы 8 мин куысты бынаты скæнынæн. Ууыл ныхас цыд, Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Экономикон рæзты министры хæдивæг Кокайты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ активонæй куыст цæуы нæ республикæйы стендыл. Йæ бындуры уыдзысты 5 раззагдæр проекты. Уыдон хаст сты Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты пъланмæ 2030-æм азмæ. Уымæй дарддæр хъæууон хæдзарады министрад стенды равæрдзæн бынæттон товараразджыты продукци. Форумы ма нысан кæнынц нæ регионы промышленнон куыстуæттæн презентаци скæнын дæр. Программæмæ гæсгæ фыст æрцæудзысты æмгуыстады бадзырдтæ цалдæр къабазы: энергетикæйы, технологиты рæзты, аразгæ интеллекты, спорты, промышленносты æмæ туризмы.




