Республикæйы разамонæг 4-æм хатт фембæлд журналисттимæ æмæ дзуæппытæ радта сæ фæрстытæн
Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æрвылазон пресс-конференци. Республикæйы разамонæг 4-æм хатт фембæлд журналисттимæ æмæ дзуæппытæ радта сæ фæрстытæн. Ацы аз ма комкоммæ ныхасы архайдтой блогертæ æмæ æхсæнадон царды активисттæ. Сæ фæрстытæ радтой егъау федералон информацион агентадтæ дæр. Журналистты фæрстытæ уыдысты алывæрсыг. Фæндыд сæ базонын Доны станцæйы рацарæзты, Ногиры хиды, Плиты Иссæйы номыл полк саразыны æмæ æндæр хъуыддæгты тыххæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Ацы хатт мадзалы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæй дарддæр архайдтой блогертæ, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, социалон хызты къордты администратортæ æмæ ведомствойы кусджытæ. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй блогертæ се вæрæн хæссынц информацион тыгъдадмæ, ведомствойы минæвæрттæм та фæдзырдтой, цæмæй бынаты дзуæппытæ дæттой сæ профильмæ гæсгæ. Журналистты фæрстытæ уыдысты алывæрсыг. Фæндыд сæ базонын Доны станцæйы рацарæзты, Ногиры хиды, Плиты Иссæйы номыл полк саразыны, уадзæн пункт Уæллаг Ларсы æмæ æндæр хъуыддæгты тыххæй. Се ппæтыл дæр республикæйы разамонæг бæстон æрлæууыд. Стыр æргом аздæхта зæххы хæйттæ дæттынмæ.
Доны станцæйы цы объекттæ сараздзысты, уыдонæй иунæг дæр нæ фехалдзæн æхсæнадон бынаты æддаг бакаст æмæ нæ хъыгдардзæн фæлладуадзджыты, фехъусын кодта Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уынаффæ рахæсдзысты, æхсæнадон хъуыдытæ нымайгæйæ. Бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ доны станцæйы нæ уыдзæнис, – зæрдæ бавæрдта Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг дзырдта æхсæнадон транспорты фарстатыл дæр. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, цæмæй уавæр аивой, уый тыххæй республикæйы хъæуы ноджыдæр 60 автобусы. Бæлццæттæласæг компанитæ архайынц сæхи æгъдаумæ гæсгæ кусыныл, фæлæ мах фæнды, адæмы хæрзæбонæн куыд кусой, уый, – загъта регионы сæргълæууæг. Ныртæккæ республикæ архайы ноджыдæр транспорты фæрæзтæ балхæныныл. Уыдон цæудзысты бæлвырд фæткмæ гæсгæ – зæрдæ бавæрдта Сергей Меняйло.
Пресс-конференцийы архайджытæн ма радзырдта Плиты Иссæйы номыл полчы тыххæй. Не мзæххонтæй бирæты фæнды Шторм Осетия æмæ Батальон Аланийы рæнхъытæм, фæлæ уыцы къордты бынат нал ис. Уый нымайгæйæ цæгатирыстойнаг лæппутæй бирæтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ ацæуынц æндæр регионтæй. Ног полк скæндзысты, цæмæй ирыстойнаг хæстонтæн фадат уа не мзæххонты раз уæвынæн. Уыимæ полкы рæнхъыты æрлæууын у æндæр регионты цæрджыты бон дæр. Æфсæддонтæ фронтмæ æрвитыны размæ ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ, ратдзысты сын сæрмагонд ифтонгарз æмæ уæлæдарæс. Ног полк уыдзæнис батальон Шторм Осетияйы хай, фæлæ нымад уыдзæнис дæлхайадыл. Уыимæ ма уыдзæн 58-æм æфсады рæнхъы, – загъта Сергей Меняйло.
Нæ республикæйæн федералон центр радих кодта 200 милуан сомы, цæмæй Ногиры хид саразой, уый тыххæй. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй хæстæгдæр бонты бафысдзысты бадзырд, æмæ уæд æхцатæ арвитдзысты подрядон команийы хыгъдмæ. Республикæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, объекты куыст цæуы æнæрлæугæйæ.
Сергей Меняйло фехъусын кодта, Алагиры кæй сараздзысты физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс. Æрбынат кæндзæн хъæды техникумы территорийы. Уыимæ республикæйы разамонæг загъта, Цæгат Ирыстоны кæй æруырæдтой фармацевтон заводы арæзтад. Проектæн радих кодтой зæххы хай, балхæдтой йын ифтонггарз, фæлæ йæ санкциты тыххæй сæ бон сæвæрын нæу. Уый нымайгæйæ, æнхъæлмæ кæсдзысты хуыздæр рæстæджытæм, – загъта Сергей Меняйло.
Пресс-конференци цыди æртæ сахаты. Уыцы мгъуыдмæ бантыст бирæ ахсджиаг æмæ ахадгæ фарстатыл æрныхас кæнын.




