филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 вторник, 16 декабря 2025
18 июля 2024, 12:08
Рабилитацион Центр «Алания» æмæ æнæкоммерцион организаци «Дарить добро» сæ хъомылгæнинæгтæн бацæттæ кодтой лæвар

Бацæттæ сын кодтой дзæбæхгæнæн балц Сау денджызы былмæ

Инвалид сывæллæтты реабилитацион Центр «Алания» æмæ æнæкоммерцион организаци «Дарить добро» сæ хъомылгæнинæгтæн бацæттæ кодтой лæвар. Бацæттæ сын кодтой дзæбæхгæнæн балц Сау денджызы былмæ. Се хсæн сты, Ирыстонмæ Донбассæй æмæ Украинæйæ чи ссыд, ахæм сывæллæттæ дæр. Ацы аз командæмæ æрбахуыдтой ног волонтерты. Сты тыхджын, креативон æмæ курдиатджын. Театралон студи «Радуга»-йы архайджытæ кæстæртæн балæвар кодтой бæрæгбоны алæмæты тæваг. Лæппутæн æмæ чызджытæн арæзтой сфæлдыстадон изæртæ, музыкалон программæтæ, стъолыл хъæзтытæ, стæй доны ирхæфсæн мадзæлттæ. Станица Тамань ахæм хорз ран æрбынат кодта, æмæ уымæ гæсгæ командæтæ канд Сау денджызы былыл нæ улæфыдысты, фæлæ ма Азовы денджызы былгæрæтты дæр. Ацы балц сæ къухы бафтыд, хæрзаудæн концерт «Спешите делать добро»-йы цы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уый фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania