Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй боны ахастыл ныртæккæ тынг ахады антициклон
Республикæйы цæрджыты ма тæвдæн бафæразын хъæуы. Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй боны ахастыл ныртæккæ тынг ахады антициклон. Сæвзæрд Уæрæсейы Европæйаг хайы сæрмæ. Быдырон районты уæлдæфы температурæ схизы суанг 38 градусы онг. Ахæм уавæрты ахсджиаг сты адæмы æнæниздзинады æмæ зынгсирвæзтыты æдасдзинады фарстатæ. Дохтырты амындтытæм гæсгæ, уынджы уæвгæйæ уæлдай лæмбынæгдæр уæвын хъæуы ацæргæ адæмы æмæ сывæллæтты. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Сæрдыгон тæвд бонтæм се *ппæтæй фылдæр сывæллæттæ фенхъæлмæ кæсынц. Импровизацигонд «аквапарчы» сæхицæн самал кæнынц алыхуызон хъæзтытæ. Чысыл бынæттон цæрджытæ ардæм æрбацæуынц æрвылбон, сæхи фæнайынц, фæленчытæ кæнынц. Цопанаты Миланæ куыд зæгъы, афтæмæй æрбацæуы сæ кæрты сывæллæттимæ.
Ацы тæвд бонты республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты сæйрагдæр фæлладуадзæн бынат у Доны станцæ. Ам æрæджы фæцис реконструкци. Базылдысты пляжмæ, улæфæн зонæтæм, сæвæрдтой бандæттæ, ис рæстæгмæ катамаран райсын. Фæлладуадзæн бонты дзы уæлдай бирæ адæм вæййы. Сæлдæг æмæ уазал дæтты уæйгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын товар нал фæфаг кæны, алцыдæр уайтагъд алхæнынц.
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм æнтæф бонты кæнæ сæ хæдзæртты фæбадынц, кæнæ та фæтырнынц хæхтæм æмæ донмæ хæстæгдæр ацæуынмæ.
Боныахастыл ныртæккæ тынг ахады антициклон, зæгъынц синоптиктæ. Сæвзæрд Уæрæсейы ЕвропæйАг хайы сæрмæ. Тæвд у Цæгат Ирыстоны быдырон районты дæр, температурæ схизы 38 градусы онг. Уымæ гæсгæ уæлдай тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæм расайынæй. Уый ма баст у, майы æмæ июны къæвдатæ нормæйæ къаддæр кæй уыд, уыимæ дæр.
Ахæм боныахаст æвзæрырдæм ахады æнæниздзинадыл дæр. Уæлдайдæр та, ацæргæ адæмыл, сывæллæттыл, зæрдæйы æмæ тугдадзинты æмæ нервы системæйы иугæндзон низтæ кæмæ ис, уыдоныл, стæй æнхъæлцау сылгоймæгтыл. Дохтыртæ дæттынц, алкæйы дæр зонын кæй хъæуы, ахæм цалдæр хуымæтæг амынды.
Хи æвзæр банкъаргæйæ та, хъæуы тагъддæр аууон бынатмæ бахизын, ануазын дон æмæ дохтыры æххуыс бацагурын. Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нырма уыдзысты тæвд бонтæ. Уымæ гæсгæ æнæниздзинадмæ хъæуы къæрцхъусдæр уæвын.




