филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 среда, 17 декабря 2025
25 июля 2024, 13:09
Станицæ Павлодольскæйы цæрджытæ ныр цалдæр азы тыхсынц сæ доны уавæрæ

Æхсæвыгон æй æртахгай фембырд кæнынц, бонæй та дзы фæпайда кæнынц

Мæздæджы районы станицæ Павлодольскæйы цæрджытæ ныр цалдæр азы тыхсынц сæ доны уавæрæй. Æхсæвыгон æй æртахгай фембырд кæнынц, бонæй та дзы фæпайда кæнынц. Уый баст у, донæй æххæстгæнæн системæ кæй базæронд, уыимæ. Уæлдай зын уавæр сæвзæры сæрды, адæм сæ цæхæрадæттæм куы фæзилынц, уæд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Станицæ Павлодольскæйы цæрджытæн се ппæтæн дæр ис иу риссаг фарста. Адæм хъаст кæнынц, доны системæ къуылымпытимæ кæй кусы, уымæй. Уæлдай уæззау уавæр ис цалдæр уынджы. Се *хсæн: Степная. Дон бынæттон цæрджытæм вæййы æрмæст æхсæвыгон. Боны дæргъы та архайынц къаддæр змæлын, уымæн æмæ хиуыл дон æркалыны фадат нæй. Фæлæ сывæллæттæн, уынджы хъазын сын цæуыннæ ис, уый зын бамбарын кæнын у, зæгъы бирæсывæллонджын мад Кристина Папазова.

Афтæ алкæддæр нæ уыд, зæгъы станицæйы атаман. Александр Львов Павлодольскæйы цæры йæ цæрæнбонты. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, донимæ къуылымпыдзинæдтæ кæй сæвзæрд, уый баст у хæтæлтæ кæй базæронд сты, уыимæ. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр фæуæззаудæр вæййы сæрды – адæм сæ хæдзарæдтæм зилын куы райдайынц, уæд.

Уый æцæгдæр афтæ у, зæгъынц бынæттон администрацийы. Донæххæстгæнæн системæ кæлæддзаг у æмæ йæ хъæуы модернизаци скæнын. Бирæ азты риссаг фарста рæстæгмæ аиуварс кæнынæн сæвæрдзысты ног уæлæмхасæн фæрæзтæ. Уыдоны фæрцы, адæммæ дон хæццæ кæндзæн.

Донæххæстгæнæн системæ рацаразын станицæйы фæнд кæнынц 2026-æм азы. Æдæппæтæй баивдзысты 32 километры. Ныр та уал Павлодольскæйы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц æмæ дарддæр æмбырд кæнынц дон мигæнæнты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania