Закъондæттæг хъæппæрисы авторты фæнд у, адæмæй ист хæцæнгарз æмæ патронтæ рвитын, сæрмагонд æфсæдон операцийы чи архайы, уыдонæн
Паддзахадон Думæ майы бахаста закъоны проект, «Хæцæнгарзы» тыххæй федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Закъондæттæг хъæппæрисы авторты фæнд у, адæмæй ист хæцæнгарз æмæ патронтæ рвитын, сæрмагонд æфсæдон операцийы чи архайы, уыдонæн. Нæ бæстæйы хъахъхъæнынады министрад æмæ Уæрæсейы гварди пайда кæниккой конфискацигонд хæцæнгæрзтæй. Закъоны проекты автортимæ разы у Хицауад дæр. Ацы хъуыддаг баргонд æрцыд Уæрæсейы гвардийæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Уæрæсейы гвардийы кусджыты æрбацыдмæ Белеккаты Артур кæдфæндыдæр цæттæ вæййы, рагæй сыл ахуыр у. Нæлгоймагмæ ис хæцæнгарзы 2 хуызы. Раздæры барад хъахъхъæнæн оргæнты кусæг хæцæнгарзимæ 20 азæй фылдæр дæсны арæхст кæны. Хорз зоны æхсын. Арæх вæййы дард балцыты. Райсы йемæ йæ хæцæнгарз. Уый æдасдзинадæн æххуыс – бæстæйы дард рæтты уæвæн ис æнæхъæлæджы уавæртæн.
Хæцæнгарз дарынæн ис бирæ бардæттæг гæххæттытæ. Йæхæдæг та æнæмæнг æвæрд вæййы æхгæд сейфы. Алы аз дæр Уæрæсейы гвардийы лицензитæ дæттыны Центры кусджытæ сбæрæг кæнынц, адæм, хæцæнгарз даргæйæ, æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый. Ацы аз та ма сæ зонгæ кæнынц барадон къабазы ногдзинæдтимæ.
Афæдзы райдианæй нырмæ куыстуат скодта 8 мин басгæрсты. Закъонхæлдтытæ арæх не сты. Хæцæнгарз дарынæн хъæугæ уавæртæ конд кæй нæ уыд, æмæ йæ зилдухы уагæвæрд халд кæй цыд, уый тыххæй байстой 300 иуæджы. Административон бæрнмæ здæхт æрцыдысты 350 адæймагæй фылдæр. Конфискацигонд, кæнæ бархийæ лæвæрд хæцæнгæрзтæ æмæ патронтæ, паддзахадон исбон чи сси, уыдон-иу раздæр азты Уæрæсейы гвардийы кусджытæ скуынæг кодтой. Уыцы хъысмæт-иу æнхъæлмæ каст, хицæуттæ-иу бахъахъхъæныны тыххæй кæй æрбахастой, æмæ афæдзы фæстæ кæй нал бацагуырдтой, уыцы хæцæнгæрзты дæр. Афтæмæй уыдон сæ куыст фæкæнынц рæстмæ. Æфсæддон организацитæн сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ уыдонæй сæ бон спайда кæнын у. Уæлдайдæр та ныр, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны хæцæнгарз ис 23 мин адæймагмæ. Уыдонæй алы дыккагмæ дæр ис дыгай иуæгтæ. Адæм арæхдæр пайда кæнынц цуаны цæуæн хæцæнгæрзтæй, 50 метры дæрддзæф чи æхсы, ахæмтæй. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хæцæнгæрзтæ хъæуынц æнæпилотон тæхникон фæрæзтимæ тох кæнынæн.
Хæцæнгарз кæмæ ис, уыдон хъуамæ сæ зæрдыл дарой – закъон се *ппæтæн дæр иу кæй у, уый. Хуымæтæджы цуанон хæцæнгарз дæр домы бæлвырд барадон нормæтæ æххæсткæнынад. Сæ зæрды кæмæн ис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хæцæнгæрзтæ раттын, уыдон хъуамæ сæ фæнд фехъусын кæной Уæрæсейы гвардийы Цæгат Ирыстоны Управленийы лицензитæ дæттыны Центры кусджытæн.




