Документы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй не мзæххонтæ ног азы сæ фæллад уадздзысты 11 боны 29-æм декабрæй – 8-æм январмæ
Фæллойы министрад ныммыхуыр кодта 2025-æм азы фæлладуадзæн бонтæ рахæссыны тыххæй уынаффæ. Документы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй не мзæххонтæ ног азы сæ фæллад уадздзысты 11 боны 29-æм декабрæй – 8-æм январмæ. 4 январь, ома сабат, ахæсдзысты 2-æм маймæ, майрæмбонмæ, 5-æм январь ома хуыцаубон та 31-æм декабрьмæ, æртыццæгмæ. Фæлладуадзæн бонтæ уымæй дарддæр ахæсдзысты ахæм фæткмæ гæсгæ: 23-æм февраль 8-æм майæмæ æмæ 8-æм мартъи 13-æм июньмæ. Афтæмæй фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты бон Уæрæсейы цæрджытæ сæ фæллад уаддзысты 22-23 февралы, сылгоймæгты дунеон бон та 8-9 мартъийы. Майы бæрæгбæттæ уыдзысты аст боны. Цыппар боны фæд фæдыл не мзæххонтæ сæ фæллад уаддзысты июны, Уæрæсейы боны кадæн. Бæлвырддæр та 12-15 июньмæ.




