филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:31 вторник, 16 декабря 2025
30 июля 2024, 12:21
Хозиты Барис нысангод æрцыд Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдарæй

Иуæндæсæм дзуапдæттæн-æвзарæн съезды йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдысты фылдæр адæм

Хозиты Барис нысангод æрцыд Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдарæй. Иуæндæсæм дзуапдæттæн-æвзарæн съезды йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдысты фылдæр адæм. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр уыцы бынаты куыста Агънаты Гæстæн. Фысджыты Цæдисы ног сæрдар Хозиты Барис куыд радзырдта, афтæмæй организаци йæхи цæттæ кæны ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165-æм азы бон сбæрæг кæнынмæ. Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-имæ республикæйы районты арæзт æрцæудзысты тематикон мадзæлттæ, фембæлдтытæ, литературон изæртæ. Съезды ма равзæрстой ног разамынд æмæ æрныхас кодтой сæ ахсджиагдæр фарстатыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania