30 июля 2024, 12:22
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд фыццаг Цæгаткавказаг барадон нетворкинг
Йæ сæйраг темæ сси бизнесы хъалонисæн æдасдзинад
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд фыццаг Цæгаткавказаг барадон нетворкинг. Йæ сæйраг темæ сси бизнесы хъалонисæн æдасдзинад. Мадзалы спикерты *хсæн – хъалонæвæрæн, финансон, тæрхондæтты системæйы æмæ барадон къабæзты раззагдæр специалисттæ Мæскуыйæ æмæ Санкт-Петербургæй. Фембæлды архайджытæн радзырдтой, чысыл æмæ егъау бизнесы райрæзты лыстæг хъуыддæгты тыххæй. Ныхас ма цыд, æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны фарстатыл дæр. Нетворкингы ма архайдтой сыхаг республикæтæй уазджытæ. Ахæм хуызы мадзал Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд фыццаг хатт.
темæмæ гæсгæ




