филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 суббота, 31 января 2026
08 августа 2024, 12:05
Абон Хуссар Ирыстоны мысынц 2008-æм азы цауты амæттæгты

16 азы рацыд, гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæдæй

Абон Хуссар Ирыстоны мысынц 2008-æм азы цауты амæттæгты. 16 азы рацыд, гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæдæй. Дыууæ адæмы хатты *хсæн ныхмæлæудзинад фæкарздæр 2008-æм азы июлы кæрон. Уæд, æхсæвы æгъатыр цаутæ фыццаг сæхиуыл банкъардтой Цхинвалы цæрджытæ. Фыдгæнджытæ уайтагъд бацахстой æнæхъæн республикæ. Хæстон цаутæ сæ фæстæ расайдтой бирæ цæссыг. Хуымæтæг цæрджытæй, сабырдзинад тауæг службæты минæвæрттæй æмæ æфсæддон бархионтæй бирæтæ фæмардысты. Фыдгæнджытæ бацархайдтой республикæйы æрбынæттон уæвыныл. Фæлæ, Хуссар Ирыстон хъахъхъæнджытæ знаджы ныхмæ хъæбатырæй тох кодтой. Æххуысмæ сæм æрбацыд Уæрæсе, Хуссар Ирыстоны тыхтимæ иумæ, 5 бонмæ суæгъд кодтой республикæ. Æфсымæрон адæмы фарсмæ æрбалæууыд Абхазы республикæ дæр. Хæстон цаутæ цыдысты 12-æм августмæ. Уый фæстæ Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыйы разамынд бафыстой, ныхмæлæудзинад хæларæй ахицæн кæныны пълан. Уыцы аз, 26-æм августы Уæрæсе официалон æгъдауæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз банымадта хæдбар паддзахадтæй. Ацы бонты Хуссар Ирыстоны цæуынц мысæн мадзæлттæ. Бабæрæг сæ кæндзæн бирæ адæм. Сæ хъуыды у иу – ахæм ныхмæлæудзинад мауал æруадзыны ныхмæ архайын хъæуы æмдыхæй æмæ æмзондæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania