филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:07 вторник, 16 декабря 2025
09 августа 2024, 12:07
Дыгургомы ныртæккæ цæуынц тъунелы рацарæзты кусытытæ

Объект ис Цыкола- Мацутæ-Комы-Артмæ фæндаджы 21-æм километры

Фæндаджы дыууæ рæнхъы, нырыккон рухсгæнæнтæ, видеоцæстдард, хъахъхъæнæн пункт. Дыгургомы ныртæккæ цæуынц тъунелы рацарæзты кусытытæ. Объект ис Цыкола- Мацутæ-Комы-Артмæ фæндаджы 21-æм километры. Рацарæзты куыстытæ цæуынц, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, æмæ сæ фæуынмæ хъавынц ацы азы кæронмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Рамазан Тучалаев 30 азы кæны арæзтадон куыстытæ. Йæ бон тъунелы кусын у уæззау уавæрты дæр. Нæ йæ уромынц хъызт зымæг æмæ сæрды тæвд бонтæ дæр. Уый йе *мкусджытимæ сты Дагестанæй.  Сног кæныныл архайынц Дыгургомы къæдзæхы хуылфы фæндаг. Куыстытæ райдыдтой фарон декабры. Мартьийы та бавнæлдтой объект фæлындынмæ.  Ныр цæгаты æмæ хуссары *рдыгæй æвæрынц аркæтæ.

Самосвалтæ, экскаватортæ æмæ æндæр техникон фæрæзты руаджы аразджыты куыст цæуы æдасдæрæй. Пайда кæнынц 15 техникон иуæгæй. Се *хсæн –  канатон лыггæнæг. Уый у, куысты баивæн кæмæн нæй, ахæм ахадгæ станок. Суткæмæ алыг кæны тъунелы хуылфы къæдзæхæй 30 метры. Дарддæр уыцы лыггæгтæ ныллыстæг кæнынц æмæ сæ æндæр ранмæ аласынц.

Тъунелы уыдзысты къахвæндæгтæ фистæгæйцæуджытæн. Трассæ дихгонд цæудзæн дыууæ уаццагыл. Сæвæрдзысты дзы рухсгæнæнтæ æмæ видеоцæстдарды системæ. Уыдзæн дзы хицæн бынат хъахъхъæнджытæн. Хурскастæй – хурныгуылдмæ. Аразджытæ кусынц дыууæ радæй. Сты 25 адæймаджы. Разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, объекты цæттæдзинад ныридæгæн у 30%. Æдасдзинæды домæнтæ æххæстгæнгæйæ къæдзæхтыл бафидар кодтой æфсæйнаг хыз. Уый хъахъхъæны кусджыты æмæ машинæтæ уæлейæ дуртæ хауынæй.

Проектмæ гæсгæ тъунелæн æрмæст йæ бакаст не *рцæудзæн ивд, фæлæ ма йæ уæрх уыдзæн 7 метры, йæ бæрзæнд 6 метрæй фылдæр. Æнцонæй дзы цæудзысты стыр туристон автобустæ æмæ бирæтоннон уæзласæнтæ.

Тъунелы рацарæзт фæуынвæнд кæнынц афæдзы кæронмæ. Куыстытæ цæуынц национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» фæлæгты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania