филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 вторник, 16 декабря 2025
13 августа 2024, 11:44
Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой сыгъдæг хъизæмаргæнæг Иоанн æфсæддоны бон

Йæ номыл аргъуаны, Намысы Мемориалы скодтой сæрмагонд службæ.

Йæ номыл аргъуаны, Намысы Мемориалы скодтой сæрмагонд службæ. Литургийæ арæзт æрцыди Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасимы разамындæй. Аргъуыды фæстæ, кувæг адæмæн аргъуаны алыварс уыди дзуæрттимæ цыд. Уымæй уæлдай, бацæттæ кодтой гыццыл армукъа. Сыгъдæг хъизæмаргæнæг Иоанн æфсæддоны бон æрвылаз фæбæрæг кæнынц 12-æм августы. Службæ кодта император Юлиан Отступникы æфсæдты. Иннæ æфсæддонтимæ æрвыст æрцыди чырыстон адæмы марынмæ. Фæлæ уый, сусæгæй æххуыс кодта адæмæн. Уый фæстæ дæр, æппынæдзух уыди фæкæсынхъуаг адæмы цур. Æххуыс кодта рынчынтæн æмæ рогдæр кодта рыст адæмы зæрдæтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania