14 августа 2024, 11:36
Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты рæстæг æххæст кæндзысты ног æхсæнадон проект
«Фæсивæдон информацион æвзарæн къамис». Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты рæстæг æххæст кæндзысты ног æхсæнадон проект.
Райдыдта ацы бонты, фæсивæды æппæтадæмон боны. Студентты волонтерты стыр къорд æвзарæн кампанийы агъоммæ æмбæлдзысты се мгæрттимæ, цæмæй сын радзурой æвзæрстыты ахсджиагдæр хъуыддæгты тыххæй. Стыр æргом здахдзысты хъæлæс кæныны хуызтæм, кæм æмæ куыд арæзт цæудзысты, участокты куыстмæ æмæ афтæ дарддæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ проект æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы æмæ Уæрæсейы сæрибар æвзæрстыты фонды æххуысæй.
темæмæ гæсгæ




