22 августа 2024, 11:08
Республикæйы Æхсæнадон палатæйы уыд, адæмы æвзарæн бартæ æххæст кæнынмæ цæстдарды штабы æмбырд
Боны фæткы – политикон партиты регионалон хайæдтимæ æмгуыстад хæдбар цæстдарды фарстаты фæдыл бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты. Бафыстой бадзырд. Уымæ гæсгæ Æхсæнадон палатæ æмæ партитæ кæрæдзийæн араздзысты консультацитæ, исдзысты кæрæдзийы фæлтæрддзинад. Хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой 350 æхсæнадон цæстдарæджы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æвзæрстытæ уыдзысты 7-æм æмæ 8-æм сентябры. Архайдзæн дзы 6 политикон партийы: «Иугонд Уæрæсе», «Уæрæсейы Федерацийы коммунистон парти», «Рæстдзæвин Уæрæсе – Патриоттæ Рæстдзинадыл», «Родина» æмæ «Ног адæм».
темæмæ гæсгæ




