филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:21 среда, 17 декабря 2025
22 августа 2024, 11:09
Цæгат Ирыстоны æрвылаз фылдæр кæны туристты нымæц

Адæм республикæмæ æрбацæуынц куыд сыхаг регионтæй, афтæ бæстæйы иннæ субъекттæй дæр. Афтæмæй абон Цæгат Ирыстоны стыр æргом здæхт цæуы туризмы райрæзты къабазмæ – арæзт цæуынц алыхуызон уавæртæ. Уазджытæ фылдæр æвзарынц, республикæйы алы кæмтты цы ног фæлгæсæн фæзтæ æмæ арт-объекттæ ис, уыдон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Рæсугъд хæххон пейзажтæ, гуылфæг цæугæдæттæ, сыгъдæг уæлдæф æмæ хæрзад национ хæринæгтæ. Уый фæрцы азæй-азмæ Цæгат Ирыстонмæ туристтæ фылдæрæй-фылдæр цæуынц Уæрæсейы алы регионтæй æмæ фæсарæнтæй. Сабыргай туристон маршруттæ æххæст кæнынц инфраструктурæйæ. Уæллаг Хъæнимæ хæстæг самал кодтой, фæлгæсæн бинокль кæм сæвæрдтой, ахæм фæз. Ацы фæндагæй парахатæй пайда кæнынц, цæуы Дæргъæвсы некропольмæ. Ам кæддæриддæр бирæ машинæтæ вæййы, уæлдайдæр та фæлладуадзæн бонты. Адæм æрлæууынц биноклы раз æмæ стыр цымыдисимæ фæкæсынц хæхты бæрзæндтæм. Ардыгæй зыны Хъолайы цъити.

Сæрмагонд æргом туристтæ здахынц арт-объекттæм. Сты республикæйы алы кæмтты. Уарзондæр бынæттæй иу – стыр дамгъæ «Æ». Конд у æфсæйнагæй æмæ хъæдæй. Æвæрд ис рæсугъд æрдзон бынаты. Ардыгæй зыны æнæхъæн æфцæг. Бынтон рæсугъд арт-объект вæййы хурныгуылæн рæстæг. Алы объекты раз дæр ис информацион стендтæ. Нысангонд дзы сты хи дарыны æгъдæуттæ, стæй сæ цыбыр истори.

Равзарын зæрдæмæдзæугæ маршрут, бæлвырд локаци æмæ фылдæр базонын республикæйы тыххæй ис туристон информацион центры. Ам ма радзурдзысты музейты, уазæгдзæрæнты æмæ ирхæфсæн гæнæнты тыххæй. Центры лæггæдтæй туристтæ парахатæй пайда кæнынц, зæгъынц кусджытæ, арæх сæм æрбацæуынц сæ фарстатимæ.

Цæгат Ирыстоны кусы туризмы райрæзты фонд. Организацийы кусджытæ туристон зонæты аразынц ног объекттæ æмæ базилынц зæрæдтæм.

Æдзух кæнынц, республикæйы арт-объектты уавæры мониторинг. Æвæрынц ма информацион табличкæтæ, бирæ адæм кæм æмбырд кæны, уыцы бынæтты хи дарыны æгъдæуттимæ.

Цæгат Ирыстон сси мидтуризмы æппæтæй парахатдæр регионтæй иу. Республикæ бабæрæг кæнын кæй фæнды, уыцы адæмы нымæц æрвылаз кæны фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania