филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
22 августа 2024, 11:09
Лагерь «Звездочкæ»-йы арæзт æрцыд ирон культурæйы бон

Мадзал аразæг уыд Уæрæсейы æхсæнад «Знание». Сывæллæтты базонгæ кодтой Нарты кадджыты хъайтартимæ. Сарæзтой сын квест æмæ эстафетæ. Дзырдтой сын ирон æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйад куыд ахсджиаг у, уый тыххæй. Лагеры сæрдыгон фæлтæртæн сæ куыст кæронмæ æрхæццæ кæны. Уыдонæн сæ фæстаг мадзал, традицимæ гæсгæ, арæзт вæййы ирон æвзагыл. Мадæлон æвзаг хæзнайау хъахъхъæнын сæ хæсыл нымайынц этнолагеры ахуыргæнджытæ. Алы фæлтæр дæр вæййы къуырийы дæргъы. Уыцы цыбыр авд бонмæ сывæллæттæ нæ республикæйы алы районтæй хуыздæр базонынц ирон адæмы культурæ æмæ традицитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania