филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
23 августа 2024, 11:05
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд æмбырд, нæ республикæйы национ проекттæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл

Архайдтой дзы Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары æххуысгæнæг Цæгат Кавказы федералон зылды Сергей Никитин æмæ республикæйы муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы активонæй уагъд цæуынц национ проекттæ. Уый у сæйраг нысан, æмæ йæм республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дары уæлдай цæстæнгас. Афæдзы райдайæнæй Цæгат Ирыстоны царды уагъд цæуынц 46 регионалон проекты, хауынц 12 федералон проектмæ. Хардзгонд сыл æрцыд 9 миллиард сомæй фылдæр, уыдонæй 7 миллиардæй фылдæр дихгонд æрцыдысты федералон бюджетæй.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады национ проектмæ гæсгæ афæдзы кæронмæ Республикæйы клиникон рынчындонæн æлхæд æрцæудзæн компьютерон томограф, Мæздæджы рынчындонæн та – МРТ-йы аппарат. Ахуырады нацпроектмæ гæсгæ ма Цæгат Ирыстоны фæзындзæн ноджыдæр иу IT-клуб, дыууæ ног кванториумы æмæ 13 Рæзты бынаты. Уæлæмхасæн ахуырады системæйы та байгом кæндзысты 20 мин бынаты. Æмбырды кæрон Дзанайты Барис Хицауады уæнгтæн æмæ муниципалитетты разамонджытæн бахæс кодта æппæт мадзæлттæм бæстон цæстдарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania