филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:35 суббота, 31 января 2026
29 августа 2024, 11:50
Студентон отрядты змæлдыл æххæст кæны 65 азы

Республикæйы арæзтадон отрядты минæвæрттæ ныртæккæ фæллой кæнынц нæ бæстæйы алы регионты

Республикæйы арæзтадон отрядты минæвæрттæ ныртæккæ фæллой кæнынц нæ бæстæйы алы регионты. Студентон отрядты змæлдыл æххæст кæны 65 азы. Цæгат Ирыстоны 2025-æм азмæ нысан кæнынц фылдæр дæсныйæдтæм æргом аздахын, æмæ сæ парахат кæнын. Куыд кусынц студентон отрядтæ ныртæккæйы уавæрты, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Арæзтад у тынг ахсджиаг процесс. Йæ архайджытæ та кæрæдзиимæ сты æнгом баст. Сæ архайдæй та аразгæ у кæронбæттæн хатдзæг. Гæбæраты Знауыр у Цæгат Кавказы хæххон металургон институты арæзтадон факультеты студент. Ног цæрæн кварталы арæзтады архайы куыд студентон арæзтадон ортяды уæнг.

Абон цæгатирыстойнаг студентон отрядтæ фæллой кæнынц Уæрæсейы 83 субъекты. Фæлæ нæ республикæйы практикæ ацæуыны фадат арæх нæ вæййы. Ныртæккæ уал фæсивæдæн бабар кодтой цæрæн хæдзæртты алфамблай территорит саив кæнын.

Ацы къуырийы, студентон отрядты 65 азы боны кадæн, республикæйы арæзт æрцыд ацы змæлды рæзты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, организаци «Уæрæсейы студентон отрядты» центрон штабы разамонæг Дмитрий Парамонов, профессионалон ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Парламенты спикер куыд загъта, афтæмæй уæлдæр ахуыргæнæндæттæ цæттæ кæнынц ерысхъом кадртæ архитектурæйы æмæ арæзтады, хæххон хъуыддаджы, геологийы, металлургийы,стæй нефть æмæ газы къабазы. Уыцы хъуыдыйыл хæст сты федералон координатортæ дæр.

Æмбырды ма ныхас цыд медицинон æмæ хъæууонхæдзарадон отрядты саразыныл дæр. 2025-æм азмæ нысан кæнынц æппæт къабæзтыл бакусын. Ныртæккæ республикæ уæлæмхасæн райста 150 бынаты, кусæг дæсныйæдтæ бацæттæ кæнынæн.

Кусæг дæсныйæдтыл лæвар сахуыр кæнын, фыццаг фæллойадон фæлтæрддзинад райсын æмæ ма æхца бакусын дæр. Æппæт ацы хъуыддæгтæ фтынц студентон отрядты архайджыты къухы. Сæйрагдæр та у уый, æмæ ацы фæсивæдæй аразгæ у нæ бæстæйы профессионалон фидæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania