26 сентября 2024, 15:59
«Мæздæггаг кæсгæтты æнусон традицитæ» – ахæм сæргондимæ форум арæзт æрцыд Мæздæджы
Æрвылазон мадзалы архайдтой Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Адыгейæ уазджытæ
«Мæздæггаг кæсгæтты æнусон традицитæ» – ахæм сæргондимæ форум арæзт æрцыд Мæздæджы. Æрвылазон мадзалы архайдтой Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Адыгейæ уазджытæ. Районы культурæйы Галуаны фойейы равæрдтой кæсгæтты рагон царды уагыл дзурæг кусæнгæрзты равдыст. Уæлахизы парчы сарæзтой бæрæгбоны концерт, архайдтой дзы Мæздæджы æмæ Кæсæг-Балхъары сфæлдыстадон къордтæ. Кæй фæндыд, уыдонæй алкæмæн дæр фадат уыди кæсгон хæринæгтæй фенын. Форум баст у культурон бынтæ бахъахъхъæнынимæ æмæ нациты хсæн иудзинад фидар кæнынимæ.
темæмæ гæсгæ