филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:56 воскресенье, 01 февраля 2026
01 октября 2024, 10:36
Пагæты Солтан æмæ Зойæ. Æнгом бинонтæй цæрынц ныр 62 азы дæргъы

Ныр сын ис дыууæ сывæллоны, уыдоны цот æртæйæ, æмæ ма сæ хъæбулты хъæбултæ æхсæзæй

Бинонты афæдз æххæст кæнгæйæ, уæ дарддæр зонгæ кæнæм дæнцæгæн хæссинаг адæмимæ. Нæ программæйы хъайтартæ сты Пагæты Солтан æмæ Зойæ. Æнгом бинонтæй цæрынц ныр 62 азы дæргъы. Базонгæ та сты æнæнхъæлæджы Алагиры уынгтæй иуы. Ныр сын ис дыууæ сывæллоны, уыдоны цот æртæйæ, æмæ ма сæ хъæбулты хъæбултæ æхсæзæй. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ Пагæты хистæртæ се ппæтæй хуыздæр зонынц æмæ аргъ кæнынц уарзондзинадæн. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Афтæ 62 азы размæ райдыдта Пагæты Солтан æмæ Зояйы иумæйаг цард. Фембæлдысты Алагиры. Схъомыл кодтой дыууæ сывæллоны. Ис сын цоты цот – æхсæзæй, уыдонæй фондз сты лæппутæ. Иумæ куы *рæмбырд вæййынц, уæд сæ ныхас æмæ сæ хъæлдзæг худт дардмæ фæхъуысынц. Ахæм цард саразын фæнд кодтой Пагæты хистæртæ, 1963 азы сæ цард куы баиу кодтой, уæд. Уæдæй нырмæ цæрынц хъæрмудæй, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ.

Пагæты Зойæ йæ цард æмбалимæ цардысты хохы, Æрхоны. Уым Солтан куыста шахтæйы. Сæ сывæллæттæ дæр уым схъомыл сты. 13 азы фæстæ æрбынат кодтой Заводскойы. Куыстой æхсæнадон бынæтты, сывæллæттæ рæзыдысты,  æнгом кодта бинонты цард.

62 азы у Пагæты хистæрты иумæйаг царды дæргъ. Бинонтæ æдзух æрæмбырд вæййынц фынджы уæлхъус. Семæ баиу вæййынц, бирæ азты хæларæй кæимæ цæрынц, уыцы сыхæгтæ дæр.

Сывæллæттæ уарзынц, сæ дада æмæ нана æрыгонæй цы хуызистытæ скодтой, уыдонмæ æркæсын. Зойæ дæр æнцад нæ бады. Кæстæртæ йын йе уæхсчытыл уæз нæ уадзынц – ауæрдынц сæ уарзон ныййарæгыл. Фæлæ уæддæр уый хæдзары куыстытæ зæрдиагæй акæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæ змæлдæй цæрæн нæй. Пагæты Солтан æмæ Зойæ уарзæгой цæстæнгас дарынц æрмæст сæхи цотмæ нæ.  Ирыстоны фæсивæдæн сæ зæрдæ уарзы рухс фидæн.

Солтан æмæ Зояйæн уымæй æхсызгондæр нæй, бинонтæ хистæрæй кæстæрæй куы *рымбырд вæййынц, уæд. Фæныхас кæнынц сæ цоты цотимæ. Ахсджиаг сын у кæстæртæ мадæлон æвзагыл кæй дзурынц, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ  кæй æххæст кæнынц, уыдæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania