филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:15 суббота, 05 октября 2024
04 октября 2024, 10:33
Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон штабон тренировкæ граждайнаг хъахъхъæнынадæй

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны æмæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны къамисы æмбырд

Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон штабон тренировкæ граждайнаг хъахъхъæнынадæй. Ацы бонты цæуы УФ-йы æппæт субъектты. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны æмæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны къамисы æмбырд. Фехъусын дзы кодта регионалон ахуырты райдианы тыххæй дæр. Регионы ахуырты фæлгæты æппæт мадзæлттæн дзуапдæттæгæй нысангонд æрцыди Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Æппæтуæрæсеон штабон тренировкæ у  сæйраг  æрвылазон мадзал. Ахæм хуызы бæрæг кæнынц разамынддæттæг оргæнты, тыхы структурæты æмæ хуымæтæг цæрджыты цæттæдзинад æнæнхъæлæджы цауты рæстæг архайынмæ. Сæйраг нысан – зонындзинæдтыл æмæ фæлтæрддзинадыл æфтауын. Æппæт мадзæлттæ арæзт цæуынц УФ-йы президенты пъланмæ гæсгæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania