филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:23 среда, 16 октября 2024
16 октября 2024, 10:37
Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ нæ республикæйы райдыдта хъармгæнæн сезон

Объекттæм хъарм раттыны гарантион куыстуат ацы аз сси республикæйы дондзæуæн куыстуат

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ нæ республикæйы райдыдта хъармгæнæн сезон. Объекттæм хъарм раттыны гарантион куыстуат ацы аз сси республикæйы дондзæуæн куыстуат. Специалисттæ бацæттæ кодтой 45 хъармдæттæг пункты, базылдысты хъармдæттæг трассæты 195 километрмæ, стæй баивтой 3 километрæй фылдæр хæтæлтæ. Æппæт цæттæгæнæн куыстытæ цыдысты бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фæззыгон уазал бонты адæм хъармгæнæн сезоны райдианмæ уæлдай фенхъæлмæ кæсынц. Коммуналон службæтæн ацы афон вæййы бæрнон рæстæг– хæдзæрттæм тæвд радтын æнцон хъуыддаг нæу.

Бирæфатерон хæдзæрттæй фæстæмæ лæггæдтæ иумæйаг æххæстгæнæгмæ лæвæрд æрцыдысты ведомствæты 39 хъармгæнæны. Уыдоны фæрцы хъарм хæццæ кæны медицинон æмæ ахуырадон организацитæм. Хъарм, фыццаджыдæр, радтынц, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы кусæнуаттæм.

Специалисттæ бацæттæ кодтой 45 хъармгæнæн пункты, сфидар кодтой хъармгæнæн трассæты 195 километры, баивтой хъармдæттæн линиты 3 километрæй фылдæр. Скодтой, донцъирæнты æмæ æххуысгæнæн ифтонггæрзты ревизи. Линитыуылты хъарм куы радтынц, уæд разамынддæттæг компанитæ алы хæдзары дæр байгом кæнынц æхгæнæнтæ, æмæ хъарм бахæццæ вæййы фатертæм. Вæййы афтæ, æмæ иу фатеры батарейтæ схъарм сты, иннæйы та – нæ. Уый нысан кæны, хæдзары инженерон хызтæ фаг сыгъдæг кæй нæ уыдысты æмæ хъæуы фæсидын, цæрæнуæттæн разамынд цы куыстуат дæтты, уырдæм.

Фатерты тæвд хъуамæ уа 18 градусæй бæрзонддæр, сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты æмæ рынчындæтты – 18-æй 24 градусы онг. Хъармæй æххæст кæныны фарстаты фæдыл информаци базоныны тыххæй хъæуы фæсидын разамынддæттæг компанимæ кæнæ бадзурын иумæйаг радхæссæн-диспетчерон службæйы телефонмæ. Йæ номыр 53-19-19.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania