филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 среда, 16 октября 2024
16 октября 2024, 10:37
Дзæуджыхъæуы Пушкинскийы уынджы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ цлдæр азы хъаст кæнынц, спортивон фæзтæ сæм кæй нæй, уымæй

Сывæллæттæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ фæхъазынц, машинæтæ кæм фæцæуынц, æмæ æрлæууынц, уыцы бынæтты

Дзæуджыхъæуы Пушкинскийы уынджы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ цлдæр азы хъаст кæнынц, спортивон фæзтæ сæм кæй нæй, уымæй. Сывæллæттæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ фæхъазынц, машинæтæ кæм фæцæуынц, æмæ æрлæууынц, уыцы бынæтты. Горæты администрацийы зæрдæ бавæрдтой, сывæллæттæн ирхæфсæн фæз саразынæй. Хъуамæ фæзына мæйы фæстæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Лæппутæ пуртийæ хъазынц афтæ – фæндагыл, ам цы машинæтæ лæууынц, уыдоны фарсмæ. Æндæр фадат сын нæй.

Хъазæн фæз кæй нæй, уый æрмæст сывæллæтты нæ тыхсын кæны, фæлæ ныййарджыты дæр. Хистæртæй иутæ нæ уарзынц сывæллæтты хъæр хъусын, иннæтæ та тæрсынц пурти сæ рудзынгыл куы суайа, уымæй. Хъазын сæ нæ уадзын дæр сæ бон нæу. Уымæ гæсгæ сæхæдæг архайынц сабитæн хъазынæн бынат ссарын.

Ам кæддæр цы спортивон фæз уыд, уымæй ма баззыдысты футболон дуæрттæ. Ныр дзы рауад машинæтæн лæууæн бынат. Хæстæг бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ курынц, цæмæй ацы бынат рацаразой сывæллæттæн, фæлæ Дзæуджыхъæуы администрацийы разыйы дзуапп нæ дæттынц.

Хæдзар хæлд куы *рцæуа, уæд ацы бынаты фæнд кæнынц арæзтадон куыстытæ райдайын. Уый ма у, сывæллæттæн дзы хъазæн фæз скæнæн кæй нæй, ууыл дзурæг иу аххосаг.  Фæлæ фарстайыл кусгæйæ специалисттæм фæзынд ног хъуыды.

Сывæллæттæн хъазæн фæзы бынат æвзæрстгонд цæудзæн, цæрджыты курдиæттæ хынцгæйæ.  Ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ, ног хъазæн фæз хорз фадат уаид  сабитæн сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ *рвитынæн –  æдасæй, се *нæниздзинад фидар кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania